Кутаисы «Намахван-ГЭС»-ы  арæзтады ныхмæ акци цæуы
Кутаисы «Намахван-ГЭС»-ы арæзтады ныхмæ акци цæуы

Протесты  126-æм бон  Рионы Комы  цæрджыты  акци  иу бонæй  Намохваны хъæуæй  Кутаисмæ ахызтис.   Акцийы хайадисджытæ  горæты  цекнтралон  фæзыл  æрымбырд сты.

Рионы Комы  цæрджыты  протестмæ æмбæстæгтæ баиу сты   æндæр æмæ æндрæ регионтæй.  Уыдон специалонæй  акцимæ ныццыдысты Кутаисмæ  æмæ  Рионы комы  хъахъхъæнджытæн  фарсмæлæуд равдыстой.

Акцийы  хайадисджыты  æркуырдтæ æнæивгæ сты.  Уыдон  хицауадæй  домынц  туркаг компани  «Энкаимæ»  къухæвæрд  бадзырд аивын, туркаг компанийæ  та Рионы Комæй   аддæмæ уын.  Кутаисы  централон  фæзыл  мобилизацигонд сты барадхъахъъхæнджытæ.

Бакой уын кæндзыстæм Рионы комы  цæрджытæ  126-æм бон у «Намахван-ГЭС»-ы  ныхмæ акцитæ куы уадзынц  уый.