Кутаисы  аэропорт  бæлццæтты  къадайы  рæзты æрдгæй,  Европæйы  фыццаг бынат ахсы
Кутаисы аэропорт бæлццæтты къадайы рæзты æрдгæй, Европæйы фыццаг бынат ахсы

Кутаисы  æхсæнадæмон аэропорт  бæлццæтты  къадайы  рæзтæй,   Европæйы  фыццаг бынат ахсы.

Европæйы  аэропортты  æхсæнадæмон советы  (ACI Europe)-ы бæрæггæнæнтæй,  2018 азы  Кутаис  раззаг азимæ  абаргæйæ,  52.5  процентæй  фылдæр бæлццонæн  балæггад  кодта. Уый у  сеппæтæй  хуыздæр бæрæггæнæн  уыцы  европаг аэропортты æхсæн,  кæцытæ  бæлццæтты  къада  фондз милуанæй  къаддæр у.

Кутаисы фæразæй  ис  2018 азы  декабры  бæрæггæнæнты дæр.  2017 азы  декабримæ абаргæйæ, бæлццæтты  къадайы  рæзт  127  процент уыд.

Декабры бæрæггæнæнты  Батумы  æхсæнадæмон аэропорт дæр разынд,  цы ран  раззаг  азы  де5кабримæ абаргæйæ  рæзт, 66 процент  уыд.  Ацы бæрæгæггæнæнæй  Батум  Европæйы  цыппæрæм  бынат ахсы.

Европæйы аэропортты  æхсæнадæмон советы    пресс-релизы дзырдæуы Тбилисы  æхсæнадæмон аэропорты тыххæй дæр,  цы ран  бæлццæтты  къада  2018 азы  20,4  процентæй   райрæзтис.