Кутаисы  æхсæнадæмон  аэропорт фыццаг  хатт райста Airbus A321neo
Кутаисы æхсæнадæмон аэропорт фыццаг хатт райста Airbus A321neo

Кутаисы  æхсæнадæмон аэропорт  куыст сног кодта.  Пандемийы  фæстæ  авиакомпани  «Wizz Air» иуæй-иу  фыццаг  регулярон  рейс Варшавайæ  сыххæст кодта. Давит Агъмашенебелийы  номыл  аэропорт  йæ  историйы  дæргъы  фыццаг хатт райста «Airbus A321neo» типы  хæдтæхæг,  кæцы Кутаисы  118  бæлццоны æрласта.

Пандемийы фæстæ, Кутаисы  æхсæнадæмон  аэропорты  Вильнюс æмæ  Варшавайы рейстæ  сыххæст ис.

Апрелы мæйы  рейстæ  къуырийы мидæг иу хаттонæй  цæудзысты.  Æрмæст майæ  авиакомпани  «Wizz Air» Ригæйы  æмæ Дортмунды   рейстæ сног кæнын хъавы.

Аэропортты  иугонд куыд  банысан кодтой,  афтæмæй,  эпидуавæрмæ  гæсгæйæ,   арæхады  нымæц  этапгай  фæфылдæр уыдзæн.