Кристиан Даниелсон – Ныфс мæ ис, партитæ серьозонæй ахъуыды кæндзысты  уавæрыл, цы фæндаг рацæуын сæ бахъæудзæн   æмæ сæм уыдзæн  хъæугæ фæнд  компромиссмæ рацæуынæн
Кристиан Даниелсон – Ныфс мæ ис, партитæ серьозонæй ахъуыды кæндзысты уавæрыл, цы фæндаг рацæуын сæ бахъæудзæн æмæ сæм уыдзæн хъæугæ фæнд компромиссмæ рацæуынæн

Европаг Советы  президенты  специалон  минæвар Кристиан Даниелсон ныфс æвæры,  цæмæй  куыд  оппозици афтæ, хицауад  серьозонæй  ахъуыы кæндзысты  сырæзт уавæрыл  æмæ  компромиссмæ рацæудзысты.

Уый фæдыл Даниелсон,  хицаугæнæг  балы æмæ  оппозицийы  æхсæн  ацæугæ фембæлды  фæстæ райхъусын  кодта.

«Бæрн, цæмæй   ссардæуа  ацы кризисы алыг кæнынæн  уынаффæ,  баст у Гуырдзыстоны  политикон   лидертыл. Ай у  нысаниуæгджын  бæстæйы демократон  консолидацийæн æмæ  Европаг  тырнынадтæн.  Ныфс мæ ис, цæмæй   ныр партитæ  серьозонæй  æркæсдзысты,  ахъуыды кæндзысты  ацы ситуацийыл  æмæ уыцы амæлттыл,  кæцы райсын бахъæудзæн  æмæ сæм уыдзæнис  æгъгъæд бæрцæй уый фæнд, цæмæй  рацæуой компромистæм,  кæцы ратдзæн   фадат  æнтыстджынæй сыххæстæуа  медиацийы   процесс.  Æнæхъæнæй  уырнæг дæн,  абсолютонæй  мæ уырны, цæмæй  уый аккаг у  гуырдзиаг адæм», –   райхъусын кодта Даниелсон.

Европаг  Советы президенты специалон минæвар  Кристиан  Даниелсон  Гуырдзыстонмæ 12 марты æрцыд. Уымæ лæвæрд уыд  хæс Европаг Советы президент, Шарль Мишелæй  Гуырдзыстоны хицауад æмæ оппозицийы  æхсæн  медиацийы фæдыл.  Даниелсон 12-14  марты  фембæлдтæ ацыд, куыд хицаугæнæг  балы афтæ  оппозицийы  минæвæрттимæ, уыдис иумæйаг фембæлд дæр,   фæлæ  фарсыты  æхсæн  фидыд   уæддæр нæ бантыстис.  Сырæзт уавæры тыххæй,   Даниелсон  визит  адаргъдæр кодта æмæ фарсыты  æхсæн  бадзырдты  процессы медиаци  адарддæр кодта.