Кремлы информацимæ гæсгæйæ, 11  январы Мæскуыйы  ацæудзæн Владимир Путины, Ильхам Алиевы  æмæ Никол Пашиняны  фембæлд
Кремлы информацимæ гæсгæйæ, 11 январы Мæскуыйы ацæудзæн Владимир Путины, Ильхам Алиевы æмæ Никол Пашиняны фембæлд

11  январы Мæскуыйы  Владимир Путины, Ильхам Алиевы  æмæ Никол Пашиняны  фембæлд ацæудзæн –  уый фæдыо  информаци ъхусын кæны  Кремлы  пресс-куыст.  Кремлы  куыд хъусын кæнынц  уымæ гæсгæйæ,    бадзырдты рæстæджы Уæлхох Карабахы  хæстон архæйдтыты  фæдыл  бадзырды реализацийы  фарстæтæ æркæсдзысты..    Фембæлд ацæудзæн Уæрæсейы  лидеры инициативæйæ.

Кремлы пресс-куысты ахæлиугонд  фидиуæны банысангонд у, цæмæй  æртæфарсон  бадзырдты рæстæджы  фылдæр хай  хъусдард здæхт уыдзæн   Уæлхох Карабахы  хæстон архæйдтыты  фæстиуæгæн  зианбавзарæг  æмбæстæгтæн æххуысы  фарстайы, афтæма транспортон æмæ экономикон   бастдзинад  рапарахаты темæйы æрдæм.

Уый йеддæмæ  плангонд у  Путины  фембæлд  Азербайджаны  æмæ  Сомихыстоны лидертимæ.

Уæлхох Карабахы  хæстон архæйдтыты  фæуды фæдыл  иумæйаг бадзырд  Уæрæсейы  президент, Сомихыстоны прмьер-министр æмæ  Азербайджаны  лидер 2020 азы  9 ноябры бафыстой.