Коронавирусы тыххæй, фæсарæнтæм кусæгон æмæ ахуырмæ визиттæ рæстæгмæ арæн кæнынц
Премьер-министр, Гиорги Гахариайы къухдариуæгæй, коронавирусмæ гæсгæ архайæг æхсæнуагдонон координацион совет радон рабадт сарызта.
Координацион советмæ лæвæрд æрцыд информаци, цæмæй зæгъгæ ацы этапыл карантины уæвы 141 адæймаг, æрмæст стационары, та иудадзыг цæстдарды бын сты 51 уæнгы.
Хицауады ажминистрацийы информацийæ, абон советы уæнгтæ бæстæйы коронавирусы ахæлиуы превенцион мадзæлтты фæлгæтты, ног скуыддзæгтæ райстой: Паддзахадон уагдæттæм лæвæрд æрцыд рекомендаци, цæмæй кæд иттæг æнæмæнгхъæугæ нæу, уæд максималонæй арæнæвæрд æрцæуæд кусæгон æрвыст фæсарæнтæм. Фæнысангонд рекомендаци æххæссы ахуырмæ визиттæ дæр, кæцыйы фæдыл ахуырагæнæндæттæн фехъусын кæндзæн, ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ спорты министрад.
Æхсæнуагдонон координацион совет , ноджы иу хатт карзæй æрсидтис æмбæстæгтæм, кæцытæн æнæнизхъахъхъæды уагдонæй лæвæрд æрцыд амынд хæдизоляцийы карантины период арвитыны фæдыл, равдисæнт социалон бæрн æмæ æнæнизхъахъъæды министрады рекомендацимæ æмбæлгæйæ, бахъахъхъæнæнт уагæвæрд, цæмæй сæ бинонты уæнгтæн æмæ æнæхъæнæй æхсæнадæн потенцион тас ма сæвзæрын кæнæнт.