Коронавирусы пандемийы  тыххæй  арæнæвæрдтæ   абонæй фæстæмæ сæ тыхмæ  бацыдысты
Коронавирусы пандемийы тыххæй арæнæвæрдтæ абонæй фæстæмæ сæ тыхмæ бацыдысты

Коронавирусы  пандемийы  тыххæй  архайæг  арæнæвæрдтæ  фæстæмæ   сæ тыхмæ  абонæй  бацыдысты.

Æхсæнуагдонон  координацион  советы   уынаффæйæ,  абонæй базарадон объекттæ  кусынц æрмæст  дистанцион режимы. Дистанцион режимæй  кусыны  уагмæ нæ хауынц æрмæст хæлцады,  цæрæгойты  хæлцады,  афтекты, вет-афтекты, цардуагон химийы  æмæ  гигиенæйы дуканитæ, афтæма прессæйы  киосктæ.

Советы  уынапффæйæ,  гом æмæ  æхгæд  базартæ нæ кусынц.

Афтæма, 3-йæ  15 январмæ  периоды  бæстæйы масштабæй  уыдзысты  улæфты бонтæ.  Нæ кусы хицауадон  æмæ  хицæн сектор, банктæй, стратегион нысаниуæгы  объекттæй  æмæ  сервситæй  уæлдай.

Афтæма  ног азы тыххæй  змæлды  цы арæнæвæрдтæ аивдтой уыдон   фæстæмæ   сæ тыхмæ æрыздæхтысты. Бæстæйы масштабæй  21:00  сахатæй  05:00  сахатмæ  арæнгонд у  змæлд, куыд фистæгæй  афтæ  танспортон фæрæзтæй.