Коронавирусы  ног цаутæй 712  уыд  Тбилисы, 545 Ачъарайы, 305  та Имереты  сфиксир ис
Коронавирусы ног цаутæй 712 уыд Тбилисы, 545 Ачъарайы, 305 та Имереты сфиксир ис

Абон цы  1824  ног цау рабæрæг ис, уыдонæй Тбилисæй сты  712 цау, Ачъара -545, Имерет – 305, Квемо Картли -48, Шида Картли – 56, Гуриа -24, Самегрело-Уæллаг сванеты 63, Кахет -23,Мцхета Мтианет – 22, Самцхе-Джавахет 22, Рачъа-Лечхум æмæ Дæллаг Сванеты – цыппар», –  уый фæдыл  координацион советимæ архайæг  операцион штабы  хистæры хæдивæг  Бердиа Сичъинава   хицауады  администрацийы лæвæрд брифингыл  райхъусын кодта.

Бердиа Сичъинава куыд банысан кодта афтæмæй,   ацы этапыл   активон инфицирады цауты нымæц у  19  231.

Афтæма йæ ныхæстæм  гæсгæ, фæстаг 24 сахаты Тбилисы, коронавирусæй рынчын 9 адæймаг амард, Ачъарайы – аст, имереты –дыууæ, Шида Картли -2  æмæ  Мцхета-Мтианеты  дыууæ адæймаг.