Коронавирусы тыххæй  хицауады хыгъдлæвæрд  парламентмæ  абон æрцæудзæн æрвыст
Коронавирусы тыххæй хицауады хыгъдлæвæрд парламентмæ абон æрцæудзæн æрвыст

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа  хъусын кæны, ома  коронавирусы тыххæй  хыгъдлæвæрд парламентмæ  абон æрцæудзæн æрвыст.

Гиорги Гахариа куыд банысан кодта уымæ гæсгæ,   фысгæ  хыгъдлæвæрд  цæттæ у,  абон æрцæудзæн æрвыст парламентмæ æмæ  публикацигонд æрцæудзæн хицауады  веб-фарсыл дæр.

«Банымадтам, цæмæй  уый  у  бæрнон  хицауады  къахдзæф,  кæцыйы фæрцы йæ  æмбæстæгтæн æмæ алы  интересджын адæймагæн   райхалдзæн,  ацы  уæлрадон уавæры  рæстæджы,  цы  мотивæй, цавæр схемæтæй, цы  структурæйæ  уыдысты ист  уынаффæтæ, цы  уыдис  ацы  уынаффæты  мотиваци  æмæ  нысан.  Алцыппæт уый  деталонæй  бавдыст у  хыгъдлæвæрды мидæг.  Афтæма, ацы  хыгъдлæвæрды  комкоммæ  хаст сты  уыцы  нысан æмæ фæтиуæгты  цæдистæ, кæцыты  тыххæй  нæ бахъуыд  ахæм уæззау  арæнæвæрдтæ  сфидар кæнын  æмбæстæгтæн  æмæ ма  бирæ æндæр деталтæ» – загъта Гиорги Гахариа.