Коронавирусмæ гæсгæ  Сырх Хиды арæйнон  ацæуæн пунктыл Гуырдзыстонмæ æрбацæуæг  алы  адæймаг медицинон басгæрст ацæуы
Коронавирусмæ гæсгæ Сырх Хиды арæйнон ацæуæн пунктыл Гуырдзыстонмæ æрбацæуæг алы адæймаг медицинон басгæрст ацæуы

Коронавирусмæ  гæсгæ  Гуырдзыстон-Азербайджаны  Сырх Хиды  арæйнон  ацæуæн  пунктыл  Гуырдзыстонмæ æрбацææуæг  алы  адæймагы  сгарынц.

Æмбæстæгтæ  куыд дзурынц, афтæмæй,  уыдонæн сбарынц  тæвд  æмæ  сын æрмæст уый  фæстæ раттынц  арæныл рахизыны  бар.

Фыццаг Каналæн   Азербайджанæй  рацæуæг  иуæй-иу  бæлццон  куыд фехъусын кодта,  уымæ  гæсгæйæ,   басгæрсты фæстæ  Ираны  дыууæ ‘мбæстагæн  Гуырдзыстоны  арæныл   рахизыны  бар нæ раттой.

«Мæн басгæрстой,   æмæ уый тыххæй, цæмæй  æнæниз  дæн,   рауагъдтой мæ.  Махимæ иумæ   арæныл    уыд  Ираны  æртæ  æмбæстаг.    Цалынмæ контрол  ацыдаин,  уыдоны фæстæмæ  аздæхтой.  Нæ  зонын,  цæй  æфсонæн.  Федтон,  цæмæй  сын Гуырдзыстонмæ æрбацыды  бар нæ раттой», –  хъусын кæны  Дилман Гусейнов.