Консулон департаменты директор - Информаци Евроцæдисы Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдгæй криминалон цауты райрæзгæ статистикæйы фæдыл, уырыссаг пропагандæйы   фæстиуæг у
Консулон департаменты директор - Информаци Евроцæдисы Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдгæй криминалон цауты райрæзгæ статистикæйы фæдыл, уырыссаг пропагандæйы фæстиуæг у

Информаци Евроцæдисы бæстæты  Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдгæй  криминалон    цауты  райрæзгæ   статистикæйы фæдыл,  уырыссаг пропагандæйы   фæстиуæг у –  ацы фидиуæн  фæсарæн хъуыддæгты министрады  консулон департаменты  директор, Гиорги Табатадзе, Батумы  Шота Руставелийы  номыл паддзахадон  Университеты æнæвизæ  дыууæрдæм зхмæлды тыххæй  информацион кампанийы фæлгæтты  уагъд  фембæлдыл  сарызта.

«Кампанийы фæлгæтты   Гуырдзыстоны  æмбæстæгтимæ æргомæй  ныхас кæнæм æнæвизæ дыууæрдæм  змæлды процессы уæвæг рискъыты,   кæцытæ   се рдгæй фæткъæвæрд састы  цауы  сты æнхъæлмæ кæсинаг. Фæстаг периоды  боны фæткы  нал лæууы   Гуырдзыстоны æмбæстæгты  æрдгæй криминалон миты рæзты  цаутæ.  Ацы  бæрæггæнæн  нæдæр раздæр уыдис  бæрзонд æмæ   цифрæтæй  манипуляцитæ кæнын, уырыссаг пропагандæйы  хай у», –  райхъусын кодта  Гиорги Табатадзе.

Æнæвизæйæ дыууæрдæм  змæлды  фæдыл информацион  кампанийы фæлгæтты  университеты  уагъд  информацион   фембæлдыл  студенттæн базонын  кодтой  æнæвизæйæ змæлды процессы  уæвæг  фæстиуджытæ  æмæ  статистикон бæрæгæнæнтæ. Дзырд ахæссыд  афтæдæр  уыцы рискъытæ  æмæ  тасмæ,  кæцы  баст у  куыд   ацы фæткæвæрд састимæ, афтæ  Евроцæдисы  бæстæты  лигъдоны статус  райсты процедурæты æнæрæстагæй спайдаимæ.

Информацион кампани  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады, афтæдæр НАТО æмæ  Евроцæдисы  фæдыл   информацион   центры   организацигонд  цæуы.

Кампанийы  æртыгкаг фазæ 2018  азы  мартæй райдыдта.  Ивгъуыд  азы  кампанийы  фæлгæтты   æндæр æмæ æндæр  регионы  160  фембæлд сырæзт.