Конгрессмен Уильям Киттинг -  Гуырдзыстон Уæрæсейы  агрессийы  раззаг хаххыл  Украинаимæ иумæ лæууы, уый тыххæй  дæр æнæмæнгхъæугæ у,  цæмæй АИШ-æ  йæ  фарс рахæца Гуырдзыстонæн
Конгрессмен Уильям Киттинг - Гуырдзыстон Уæрæсейы агрессийы раззаг хаххыл Украинаимæ иумæ лæууы, уый тыххæй дæр æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй АИШ-æ йæ фарс рахæца Гуырдзыстонæн

Абон  Гуырдзыстон Уæрæсейы  агрессийы  раззаг хаххыл   Украинаимæ иумæ лæууы, уый тыххæй  дæр æнæмæнгхъæугæ у,  цæмæй АИШ-æ  йæ  фарс рахæца Гуырдзыстонæн, цæмæй   уый  йæ ныхмæ слæууа  Уæрæсейæн –   уый фæдыл   Массачусетсы штаты Конгрессмен, Уильям  Киттинг АИШ_ы  минæвæртты палатæйы  Гуырдзыстонæн фарсхæцæг дыууæпартион акты кæсыны  рæстæджы райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ зæгъгæ Гуырдзыстон АИШ-имæ  партнерадæн  дæргъвæтин  æмæ  фæстиуæгджын  историй  ис  æмæ  уый у  регионы  сæйраг хъазæг.

«Уый регионы  у  сæйраг хъазæг. Хъыгагæн   Гуырдзыстон Дунейы   хъусдарды  центры  драматон  фæзындты тыххæй  фæцис;  Уæрæсе бабырста  Гуырдзыстонмæ æмæ  ацы  бæстæйы  территоритæ оккупаци скодта.  Ацы рæстæгæй райдайгæйæ Уæрæсе дарддæр кæны   Гуырдзыстоны регионты  Абхаз æмæ Хуссар ирыстоны  оккупаци.

Абон Гуырдзыстон  лæууы  Уæрæсейы  агрессийы  раззаг  хаххыл Украинаимæ иумæ, уый тыххæй дæр æнæмæнгхъæугæ у  цæмæй  АИШ-æ  йæ  фарс рахæца Гуырдзыстонæн,  цæмæй  уый сфæраза  Уæрæсейæн йæ ныхмæ лæууын – куыд оккупацигонд   территоритыл гуманитарон  ситуаци фæхуыздæр кæныны, афтæ  Уæрæсейы   дезиннформацион кампанитимæ тохæй, цæмæй   Гуырдзыстон адарддæр кæна  йæ  фæндаг  мысанмæ,  суа  фидар  æмæ   суверенон   демократийæ.

Сæрыстыр дæн йæ  фарс рахæцын Гуырдзыстоны демокративон рæзынадæн, суверентетæн, хæдбардзинадæн æмæ территорион  æнæхъæндзинадæн.   Гуырдызстоны кæддæриддæр  уыд  хъæддых  партнер  АИШ-æн æмæ  тынг хъал дæн, цæмæй  мах  ноджы иу  хатт   æвдисæм   Гуырдзыстонæн  нæ  фарсхæцынад ацы  закъонæй» –  райхъусын кодта Массачусетсы  штаты  конгрессмен.