Конгрессмен  Алекс Муни -  АИШ-Гуырдзыстоны партнерад фæтынг кæныны фоныл, райгонд дæн, нæ æмцæдисон, демократи æмæ сæрибардзиады фарсхæцæг  кæй у уымæй
Конгрессмен Алекс Муни - АИШ-Гуырдзыстоны партнерад фæтынг кæныны фоныл, райгонд дæн, нæ æмцæдисон, демократи æмæ сæрибардзиады фарсхæцæг кæй у уымæй

Райгонд дæн, цæмæй  Гуырдзыстоны Республикæ  æвзарæнон  реформæтæм æмзæрдæ у  æмæ бæлвырд кæныбарастытæ, кæцыты фæстиуæгæн фæзындзæн  парламентон  плюрализмы фадат –  уый фæдыл  АИШ-ы  минæвæртты  палатæйы  уæнг,  республикаг   конгрессмен  Алекс Муни   «Тфиттеры»  фыссы.

Муни, Гуырдзыстоны æвзарæнон системæйы  фæдыл   конституцион  ивддзинæдты  фыццаг хъусынæй   райсты  кой кæны.

«АИШ-Гуырдзыстоны  партнерад фæтыхджындæры фоныл,  райгонд дæн цæмæй  нæ æмцæдисон, демократи æмæ сæрибардзиады фарсхæцæг у»-  фыссы Алекс Муни.

136 хъæлæсæй фондзы ныхмæ,  парламент  æвзарæнон  системæ ивды нысанæн бакуыст  конституцион ивддзинæдтæ,  сфидар кодта  фыццаг хъусынæй.  Хъæлæскæнынады    хайад райстой    хæдбар депутаттæ æмæ  оппозицион   фракцитæ,  «Националон Змæлдæй»  цух.