Кондолиза Райс -  Гуырдзыстон  сæрмагонд демократи  йæхæдæг хъуамæ араза, æхсæнадæмон системæйæн йæ бон у  баххуыс уын уа, фæлæ алцыппæт  райдайы мидæгæй, дзæбæх хицаудзинадæй
Кондолиза Райс - Гуырдзыстон сæрмагонд демократи йæхæдæг хъуамæ араза, æхсæнадæмон системæйæн йæ бон у баххуыс уын уа, фæлæ алцыппæт райдайы мидæгæй, дзæбæх хицаудзинадæй

АИШ-ы   раздæры паддзахадон нымæрдар  Кондолиза Райс  хъусын кæны, зæгъгæ,  цæмæй  уæззау  æхсæнадæмон  аууæлттæн  бахъом уа, Гуырдзыстон, сæрмагонд  демократи  æмæ  экономикæ  йæхæдæг хъуамæ самайа, ацы процессы  æхсæнадæмон  æмгарадæн йæ бон æрмæстдæр æххуыс кæнын.

Уый фæдыл  Кондолиза Райс, «Аспены æдасдзинады форумыл»  дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта, «Америкæйы хъæлæсы»  фарсты дзуаппæн,  цæмæй  куыд хъуамæ бахъом уа Гуырдзыстон Уæрæсæйы рæзгæ  агрессийæе, бæстæмæ Уæрæсейы лæбурдæй  12 азы фæстæ.

«Гуырдзыстоны тыххæй, уыцы рæстæджы цы  дзырдтон гуырдзиæгтæн, уый зæгъдзынæн ныр дæр, афтæ куыд украинæгтæн æмæ æндæртæн, цæмæй гæнæн ис, æхсæнадæмон уавæртæ  мæгуырау сты, фæлæ сæрмагонд бæстæ  уæхæдæг хъуамæ  аразат.   Сæрмагонд демократи уæхæдæг хъуамæ  саразат. Уæ экономикæ  уæхи аразинаг у.  Сымах хъуамæ  ныффыссат уагæвæрд  æмæ  закъонтæ   экономикон рæзынадæн.  Æхсæнадæмон системæйæн  йæ  бон у баххуыс уын кæна, фæлæ алцыппæт  райдайы  мидæгæй,  дзæбæх хицаудзинадæй.  Гуырдзиаг демократийæн уыд  хæрдмæцыд  æмæ хауд, фæлæ уый  фервæзтис. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый  дзæбæх нысан у», –  райхъусын кодта  Кондолиза Райс.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  фыццаджы дæр  хъуамæ  фæбæрæг уа, кæцы  рдгæй  хъæуы  Путины  фæуромын.

«Уый  фæуромын хъæуы æнæмæнгæй.  Уымæн æмæ æмнмæ гæсгæ,  Германийæ  æфсады  [хайы] раконд æмæ сæ  хурыскæсæны æрлæууын кæнын  у хорз идея.  Æцæг уый у, æмæ  фæнды  Советон Цæдисы фæуромынæн  æрмæст ууыл никуы  æнцой, цæмæй цы зæгъит президент.  Советон Цæдис урæдтой  америкаг   æфсæддæттæ, кæцытæ   тасы раз лæууыдысты Германийы.  Уырны мæ  цæмæй   фылдæр саразын  у нæ бон  НАТО-йы æрдгæй.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, нæ  бон у  фылдæр саразын  уыцы бæстæтæн баххуыс кæнынæн,  кæцытæ  Уæрæсейы [æртъхъирæны] раз   лæууынц», –  загъта Кондолиза Райс.

Кондолиза Райс  хъусын кæны, цæмй  зæгъгæ Уæрæсейы бирæ адæймаг  ис,  кæцытæ разы  сты  ныгуылæйнаг  хæзнатимæ.

«Уырыссаг адæмы  æрдæм  нæ  хъæуы фылдæр ньюансон ахаст æмæ сæ   сразæнгард кæнын, æндæргъуызон Уæрæсе  фенын нæ  кæй  фæнды  уыдоны», – банысан  кодта Райс.

Раздæры паддзахадон нымæрдар ма афтæдæр  бафтыдта, цæмæй  гæнæн ис  æнæмæнегхъæугæ бауа  Путины  хицауадæй   ацыдмæ банхъæлмæ кæсын.  «Уый, цæмæй  Путин бафæраздзæн уыййас рæстæг  баззайын  президентæй, йæхи цас  фæнды, æнæфæцудгæ реалондзинадыл  нæ банымайин, ахæм режимтæ иу  тынг сæртæг сты».