Къоби-Гудаурийы  фæндагыл зæйы бын кæцыцы  уырыссаг турист фæцис  уыйы  мардæй ссардтой
Къоби-Гудаурийы фæндагыл зæйы бын кæцыцы уырыссаг турист фæцис уыйы мардæй ссардтой

Къоби-Гудаурийы  фæндагыл   зæйы  бын кæцы уырыссаг турист  фæцис,   уыйы абон   мардæй  ссардтой.   Уый  фæдыл  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн  Уæлхоз  курортты  райрæзты   компанийы   ирвæзынгæнæг   куысты  хистæр, Вакъо Дундуа  фехъусын кодта.

«Бон сæумæрайсом, 07:30  сахатæй   сног ис   агурæн опреаци  50 лæгы  скондæй.  09:15 сахатыл   ссардтам мардыюуар,  æвзонг  чызгы. Мардыбуар  æргъæвд æрцыд  прозектурæмæ.   Уый æцæгдæр уый  иваргонд зонæйы æмæ   уæлдайдæр йæм нæ уыд  ифтонггæрзтæ,  кæцытæ йæм хъуамæ уыдаит æнæмæнгæй» –  райхъусын кодта Вакъо Дундуа.

Къоби-Гудаурийы  фæндагыл  зæй  знон,  13:00 сахатыл  рацыд.  Туристты  цыппар лæгон  къорд иваргонд  зонæйы  уыдысты, кæцы  æнхъæлцау   расайдта  зæйы  рацыд.  Зæй  иу  туристы  фæкодта йæ бын, иннæтæ аирвæзтысты.