Къоби-Гудаурийы  фадыгыл уæзласæн  автотранспорты  змæлд иваргонд æрцыд
Къоби-Гудаурийы фадыгыл уæзласæн автотранспорты змæлд иваргонд æрцыд

Къоби-Гудаурийы   фадыгыл  уæзласæн   хæдтулгæты   змæлд иваргонд æрцыд.  Уый  тыххæй  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты  министрады  патрулон пъæлицæйы департаменты иформацийы мидæг дзырдæуы.

«Мидхъуыддæгты министрады, патрулон пъæлицæйы  департамент хъусын кæны, цæмæй   интенсивон митуарды  тыххæй,   Мцхета-Стеъепанцъминда- Ларийы   автомобилон  фæндаджы  Къоби-Гудаурийы  (93-107км) фадыгыл,  Надибанийы  хъæуæй   Ларсийы  æрдæм,  уæзласæн автотранспорты   змæлд   иваргонд у, æрмæст æндæр типы   автотранспортæн  змæлд уæгъд у.

Бынатыл сты  патрулон пъæлицæй   экипажтæ æмæ  транспорты  æдасæй змæлд  регулир кæнынц.

Æмбæстæгтæй курæг стæм,  бакоммæкæсæт   патрулон пъæлицæйы   кусджыты  амындтæм æмæ   максималонæй   бахъахъхъæнæт  фæндагон змæлды  уаг»- дзырдæуы   хъусинагы.