Китайы химион амалиуæгы рæмыгъды  фæстиуæг мардгондты нымæц 64-мæ баххæсыд
Китайы химион амалиуæгы рæмыгъды фæстиуæг мардгондты нымæц 64-мæ баххæсыд

Китайы химион амалиуæгы рæмыгъды  фæстиуæг мардгондты нымæц 64-мæ баххæсыд.

Цæфгонд тсы цалдæр сæдæ адæймаг, уыдонæй 94 критикон уавæры сты.

Бынæттон медийы информацийæ, рæмыгъды рæстæджы æввахс уæвæг територитыл æртæ мины онг цæрæн хæдзар ныппырх. 100 –онг бæстыхай стыр зиан баййæфта.

Дзиамсуйы провинцийы уæвæг химикон амалиуæгы рæмыгъд 20-æм марты æрцыд 14:00 сахатыл. Трагедийы рæстæджы бæстыхайы кусджытæ уыдысты. Рæмыгъд уыйас тыхджын уыд æмæ сейсмологтæ регионы 2,2 магнитудайы зæххыæнкъуыст сфиксир кодтой.