Китайы  каратины  зонæйæ  нымад  фысымуаты ныккæлыны фæстиуæгæн  авд адæймаг фæмард
Китайы каратины зонæйæ нымад фысымуаты ныккæлыны фæстиуæгæн авд адæймаг фæмард

Китайы  Фудзяны  провинцийы  фысымуаты ныккæлыны  фæстиуæгæн   авд адæймаг  фæмард.  Информацийы   Цзянь Чжоуйы  къухдариуæгад ахæлиу кодта,  цы ран   трагедий æрцыд.

Фысымуаты  ныккæлыны   фæстиуæгæн,  кæлддзæгты  бын  фæцис 71  адæймаг, фæлæ ирвæзынгæнджытæн  бантыстис æрмæст 43  адæймагы  сисынц.  Бæстыхайы  кæлддзæгты  бын  ацы  афонмæ  сты  28 адæймаг.

Трагедийы бынатыл   агурæн-ирвæзынгæнæн    операци дарддæр кæны,  кæцыйы  баст  сты,  зынгвæдисон куысты,  пъæлицæйы, æфсады æмæ   медицинон сферæты  1000-æй  фылдæр   минæвары.

Фысымуаты  уыцы  адæймæгтæ  цардысты,  кæцытæн коронавирусæй инфициргондтимæ уыд контакт.  Бæстыхайы ныккæлыны  аххосаг нырма  бæрæг нæу.

Бæстыхайы арызт æрцыд 2013 азы  æмæ 2018  азы  йæ  скодтой  фысымуатæй.