Къипры амад æрцæудзæн гуырдзиаг моладзандон
Къипры  амад æрцæудзæн гуырдзиаг  моладзандон

Къипры   гуырдзиаг  моладзандоны самайын план кæны –  уый фæдыл   фидлиуæн   Къипры  Республикæйы  парламенты  сæрдар, Тбилисы, Ираклий Къобахидзе  фембæлды  фæстæ  райхъусын кодта. Деметрис Силурисисы æмбарынгæнæнмæ  гæсгæйæ,   уыцы  бынатмæ хæстæг, цы ран ног моладзандоны  самайын  план кæны,   абоны онг  баззад гуырдзиаг  аргъуаны  хъæууат.

«Къипры  алæмæттаг  регионы,  гуырдзиаг   моладзандон  æрцæудзæн амад.  Ам  афтæдæр ис  зæронд  гуырдзиаг аргъуаны хъæууат.  Ай  у  бæстæйы  иуæй-иу  сеппæтæй  рагон   регион.  Иттæг нысаниуæгджын у,   цæмæй   нæ ахастытæ  æндæр æмæ  æндæр ардæм  рæзынц» –  расидтис Къипры  Републикъæйы  парламенты сæрдар.

Деметрис  Силурис  йæ гуырдзиаг коллегæимæ, Ираклий Къобахидзеимæ иумæ, Гуырдзыстон-Къипры  фидæны  ахастытæ  æркастис.