Хъырыммæ визиты тыххæй, Австрийы сахар Линцы вице-мерæн Украинæмæ бахизын фæтобæ кодтой
Хъырыммæ визиты тыххæй, Австрийы сахар Линцы вице-мерæн Украинæмæ бахизын фæтобæ кодтой

Австрийы  сахар  Линцы  вице-мерæн, Украинæмæ бахизын  фæтобæ кодтой.  Уый  аххос у  Уæрæсейы  оккупацигонд Хъырыммæ  политикъы визит.  Информацийы  хъусын кæны  Nachrichten.at.

Рауагъдады хъусинагæй, Австрийы  ультрарахиз  «Сæрибардзинады Партийы» уæнг  Детлеф Виммер  ивгъуыд къуырийы уыдис  Ялтайы  уагъд экономикон форумы  иста хайад.  Хъырымы æрдæгсакъадахмæ уый  Уæрæсейæ, Украинæйы закъоны иувæрсты  ныццыд.

Сахар Линцы  вице-мерæн Украинæмæ бахизыны  фæтобæйы фæдыл информацийы  сбæлвырд  кодта Австрийы   Украинæйы  минæвар  Александр  Шерба.

Украинæйы  хицауады  æрдгæй  Вимерæн  уагæвæрд  тобæйы тыххæй,  уый нæ  ацæудзæн  Запорожьейы  плангонд  æхсæналдæмон конгрессмæ.  Запорожье та уАвстрийы  сахар Линцы  партнер сахар.  Фæлæ  йæхæдæг австриаг  политикъ куыд дзуры афтæмæй,  уый нæ фæсмон кæны  зæгъгæ.

«Фылдæр рæстæг мын уыдзæн æндæр сахартимæ  æмкуыст кæнынæн, дæнцæн  Китай æмæ Уæрæсейы» –  рахъусын кодта Вимер.

Вмеры   æнæзакъонон  визит Хъырыммæ, скритикæ  кодта сахар  Линцы «Цъæхты Партийы»  къухдариуæггæнæг  Урсула  Рошгер.  Йæ ныхæстæм  гæсгæ,  Кремлимæ къуындæг ахастытæй  Виммер  фæхæры сахары  репутаци.