Хуссар-ныгуылæн  Африкæйы  циклон «Идайы»  амæттаг фесты  200-йæ фылдæр адæймаг
Хуссар-ныгуылæн Африкæйы циклон «Идайы» амæттаг фесты 200-йæ фылдæр адæймаг

Хуссар-Ныгуылæн  Африкæйы  циклон «Идайы»  амæттаг фесты  200-йæ фылдæр адæймаг.  Стихий Мозамбикъ, Зимбабве æмæ Малавийыл наццавдта  йæхи.   Дæсгай адæймаг  æвæндаг сæфтыл нымад цæуынц.

«Сырх ДЗуары»  бæрæггæнæнтæй, циклон  зæгъæн ис æнæхъæнæй  скуынæг кодта  Мозамбикъы  донбыл сахар  Бейра. Сахар кæцыйы  æрдæг милуан адæймаг  цæры,   æнæэлектроэнергийæ  баззад, зиангонд сты  Бейрайы  онг  бацæуæн  фæндæгтæ.

Циклон «Идаи»  Бейрайы портыл йæхи ныццавдта   хуыцаубоны, уый фæстæ та  Зимбабве  æмæ  Малавийы æрдæм ацыд.

Гуманиатрон организациты бæрæггæнæнтæй  шторм, 1,5  милуан адæймагæн æрхаста зиан.

«Сырх Дзуары» информацийæ,   Мозамбикъ æмæ  Малавийы  стихийы  амæттаг, иуыл цъус  126 адæймаг ссис, Зимбабвейы  та  89  адæймаг фæхъуыд.