Хуберт Книрш -  алчи хъуамæ  спайда кæна ацы  фадатæй
Хуберт Книрш - алчи хъуамæ спайда кæна ацы фадатæй

 

Гуырдзыстоны  Германийы  минæвар, Хуберт Книршы  фидиуæнæй,  зæгъгæ райгонд у, «Гуырдзиаг Бæллицц» кæй сразы ис  Кристиан Даниелсоны планимæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  Евроцæдисы æмæ  АИШ-ы  минæвæрттæ  æхсæны лæгы ролы  кæй сты  уымæй   алы  фарсмæ æфты шанс,  аккагæй  æрфидауын  æмæ стæй  политикон процесс  æнæ искæмæй адарддæр кæной.

«Райгонд дæн,цæмæй  «Гуырдзиаг Бæллицц»  сразы ис  Даниелсоны планимæ.  Планы хицæн пункттæ  дзæбæх къахдзæф сты   Гуырдзыстоны  демократийы æмæ  барадон    паддзахаддзинады  дарддæр  рæзынадæн.  Евроцæдисы  æмæ АИШ-ы  минæвæртты æхсæны лæгæй  уæвынæй, алы  фарсмæ æфты шанс,  аккагæй  æрфидауын  æмæ стæй  политикон процесс  æнæ искæй æххусæй адарддæр кæной.  Алы тых, кæцыйы фæнды  сыххæст кæна  сæрмагонд бæрн  бæстæй  фидæны  æмæ йæ  Европаг  фæндаджы  раз,  ныр хъуамæ спайда кæна  ацы  фадатæй» – хъусын кæны Хуберт Книрш.

Майрæмбоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе  райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзиаг Бæллиццы къух бафысдзысты  Даниелсоны документыл, кæцы  Гуырдзыстоны  уæвæг политикон кризисы ифтыгъд суадзынæн  у бакуыст.  Бадзырдты  хайадисæг  оппозици,  къухбафыссынæн  домы  Националон Змæлды  сæрдар Ника Мелиайы  ахстæй  суæгъд кæнын æмæ   æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ  снысан кæнын.