Хицауады уынаффæйæ,  адæмарæх рæтты, транспорты æмæ  ресторанты, бæрæг  æгъдæутты æмæ стандартты  контрол карздæр кæны
Хицауады уынаффæйæ, адæмарæх рæтты, транспорты æмæ ресторанты, бæрæг æгъдæутты æмæ стандартты контрол карздæр кæны

Гуырдзыстоны экономикæ  фегом кæныны  параллелонæй, эпидемиологион  рсикыты рæзты фоныл,  премьер-министр Гиорги Гахариайы  къухдариуæгæй архайæг  æхсæнуагдонон координацион  совет,  уавæры  оперативон  фæткдæттыны   режим дарддæр кæны.  Уый фæдыл  информацийы хъусын кæны  премьер-министры  пресс-куыст.

Рабадтыл ноджы иу хатт хаххгондæй  банысан ис, цæмæй  арæнæвæрдтæ аивд æмæ  экономикæйы  скусын кæнын, уæнгуагъд  ахасты бæсты,   æнæмæнгхъæугæ  у  æмбæлон уагдæтты æмæ   æмбæстæгты  иумæйагæй   архайын.   Æхсæнуагдонон  координацион совет   ноджы иу хатт   сиды  æмбæстæгтæм,   равдисæт сæрмагонд арæхсдзинад æмæ  лæмбынæг æххæст кæнæт   алы амынд, кæцы  æнæмæнгхъæугæ у  сæ æнæниздзинад бахъахъхъæнын æмæ  «Ковид-19»-æй   массон апарахат   маруадзынæн.

Афæтма, советы  уæнгтæ  æркастысты  рæзгæ  мобилондзинады  уавæрты  рискытæн фæткдæттыны   механизмтæ.  Ацы нысанæн,  советы уынаффæйæ,   фæкарздæр уыдзæн   бæрæг уагæвæрды æмæ стандартты контроль  адæмарæх рæтты,  сæ нымæцы ресторанты  æмæ рекреацион тыгъдадты, афтæдæр –  æхсæнадон   транспорты.  Фæтксасты  цауы, скусын кæндзысты  закъонæй бæлвырд   ивары механизм.

Афтæма, фæстæмæ йæ тыхы баззад рекомендаци, кæцымæ гæсгæ дæр, хицауадон  бынæтты  кусæг уæнгтæ, сæ  куыст  адарддæр кæндзысты дистанцион режимы.