Хицауады  администрацийы  цур  змæлд «Габедейы» минæвæрттæ  уадзынц  акци  [фото]
Хицауады администрацийы цур змæлд «Габедейы» минæвæрттæ уадзынц акци [фото]

Хицауады  администрацийы  цур  змæлд «Габедейы»   минæвæрттæ   уадзынц  акци  номхуындæй – «Баууæнд  тох кæнын  цардæн».

Акци  15  аздзыд æнахъомы   номы цытæн  минутон  æнæсдзырдæй   райдыдта.

Акцийы  хайадисджытæ   дзырдæй  ралæууыдысты.   Уыдон куыд  хъусын кæнынц   афтæмæй,    системæ зæгъгæ  у  тыхгæнæг æмæ   æнæмæнгæй   хъуамæ æрцæуа  ивд.

Афтæма  акцийы  хайадисджытæ   мидхъуыддæгты министры куыстуагъдмæ  ацæуын,  афтæдæр æнахъомы   адзалы  хъуыддаджы   объективон   равзарын  домынц.   Уый  йеддæмæ ма  сæ  ныхæстæм гæсгæ,  æмбæлон  бæрн  йæхимæ хъуамæ  айса   ахуырады министрад.

«Мах æнæмæнгæй  кæрон скæндзыстæм ацы  системæ.   Ай  у  фыццаг фæдзæхсæн акци æмæ  ацы  тохы   мах нæ фæхатыр кæндзыстæм» –  райхъусын кодта   акцийы  хайадисæг Ника   Петриашвили.