Хицауады администраци – автомобилон змæлды тобæ йæ тыхы уыдзæн 21 апрелы банымадæй, тобæйы гæнæн пролонгацийыл координацион совет абон фæуынаффæ кæндзæн
Гуырдзыстоны хицауады администраци æмбарын кæны, цæмæй автомоиблон змæлдыл тобæ йæ тыхы уыдзæн 21 апрелы банымадæй, кæнæ та 22 апрелы, æртыццæджы онг æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр, сом æмбæстæгтæн рог хæдтулгæтæй змæлд уæгъд нæу.
Адарддæр уыдзæн æви нæ ацы тобæ, пресскуысты информацийæ, уый фæдыл премьер-министры къухдариуæгæй архайæг æхсæнуагдонон координаион совет сом фæуынаффæ кæндзæн, цæй фæстæ дæр райст скуыддзагы фæдыл информаци фехъусын кæндзысты æхæнадæн.
Хицауады администраци сижы æмбæстæгтæм, сæ зæрдыл дарæт тобæйы архайды æмгъуыдтæ, цæмæй сæхи бахизой закъоны халынæй æмæ ахæм архайды тыххæй уагæвæрд иварæй.