Хицауады  администраци – арæнæвæрдты  архайыны максималон æмгъуыд у 15 июл, фæлæ гæнæн  ис  æхсæнадон транспорты змæлдыл арæнæвæрдтæ бирæ  раздæр æрцæуой  ивд
Хицауады администраци – арæнæвæрдты архайыны максималон æмгъуыд у 15 июл, фæлæ гæнæн ис æхсæнадон транспорты змæлдыл арæнæвæрдтæ бирæ раздæр æрцæуой ивд

Арæнæвæрдты  архайыны максималон æмгъуыд у  15 июл, фæлæ   цух  нæу уый æмæ сæ иу  хай, уый  нымæцы   æхсæнадон транспорты   змæлдыл арæнæвæрд,  бирæ  раздæр  æрцæуа  ивд – уый  фæдыл  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн   хицауады  администрацийы   пресс-куысты  фехъусын кодтой.

«Уагæвæрдæй   бæрæг   арæнæвæрдты  максимадлон  æмгъуыд у  15 июл, фæлæ   цух  нæу уый æмæ сæ иу  хай, уый  нымæцы   æхсæнадон транспорты   змæлдыл арæнæвæрд, бирæ  раздæр  æрцæуа  ивд.

Афтæ куыд  хицæн экономикон  архайд сног кæныыны  фæдыл уынаффæ, бæлвырд  æмгъуыдæй   раздæр  æрцыд ист, æхсæнуагдонон   координацион совет  баззайгæ арæнæвæрдты  этапгай   аивыныл  скуыддзаг    эпидемиологион   уавæр  анализы   бындурыл   райсдзæн,  кæцыйы фæстæ  уагæвæрдмæ, æмбæлгæ  ивддзинæдтæ æрцæудзысты хаст» –  хъусын кæнынц   хицауады  администрацийы.

Гуырдзыстоны  уæлрадон  уавæр  æмæ   коменданты сахат  аивд æрцыд, фæлæ  бæргæ  арæнæвæрдтæ  аивдимæ иумæ,  15  июлы онг архайдзысты  æндæр æмæ æндæр типы   регуляцитæ.