Хицауад – Æнхъæлмæкæсинаг у,  цæмæй Гуырдзыстоны базарадон  партнер бæстæты экономикон рæзынады фæсындæг бандавдзæн  бæстæйы экспорт æмæ æхцайæ æрвитæггæгты  бæрæггæнæнтæм
Хицауад – Æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй Гуырдзыстоны базарадон партнер бæстæты экономикон рæзынады фæсындæг бандавдзæн бæстæйы экспорт æмæ æхцайæ æрвитæггæгты бæрæггæнæнтæм

Æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй  Гуырдзыстоны  базарадон  партнер бæстæты экономикон  рæзынады фæныллæг,  бандавдзæн  бæстæйы  экспорт æмæ   æхцайæ æрвитæггæгты бæрæггæнæнтæм, æрмæст пандемиимæ баст  глобалон æнæбæрæгдзинад адарддæримæ иумæ,  фæкъаддæр кæндзæн   капиталы  æрбацыд, кæнæ экономикæйы  пълангонд  инвестициты æмгъуыдæргъæвдтæ, –  уый фæдыл  банысангонд у  бæстæйы  сæйраг бюджетон   æмæ макроэкономикон    параметрты  фæдыл  хицауады   парламентмæ  бавдыст  æмбæлгæ  документы мидæг.

Хицауады банысан кодтой, цæмæй  экономикон  активондзинад фæкаддæры  фоныл,  Æппæтадаймон Валютон Фондимæ  разгонд прогнозæй,  æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй  Гуырдзыстоны экономикæ 2020  азы  дæргъы,  цыппар процентæй  фæкъаддæр уыдзæн,  фæлæ  цыппæрæм кварталæй, уавæры фæхуыздæры фæстиуæгæн, 2021  азы  дæргъы, сфиксир уыдзæн  экономикæйы  цыппар процентон рæзт.

Æххæстгæнæг хицауад хъусын кæны, цæмæй   пандемимæ гæсгæ фæфыддæрдæр сты, куыд   экономикон, афтæ  фискалон   прогнозтæ дæр.

«Æппæтадæмон Валютон Фонды  прогнозмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны фидтонон балансы цухдзинад уыдзæн –  1.4  миллиард  АИШ доллары онг 2020  азы  дæргъы, æрмæст 0,4  миллиард  АИШ доллар  2021  азы  дæргъы.  Фæнысангонд  экономикон  агрегатты  прогнозон фæкъаддæры  фæстиуæгæн,  бæстæйы   фидтонон  балансы  цухдзинад  цæугæ  æмæ иннæ азты дæргъы, 1.8  миллиард  АИШ доллармæ хæццæ кæны.   Афтæма  финансон  хыгъдлæвæрды фæфыддæрдæры  сæйраг хай  сфинанс уыдзæн  æхсæнадæмон финансон   организацийы æрдгæй  Гуырдзыстонæн рауæлдайгонд   финансытæ. Уæлдæрбанысангондмæ  гæсгæ,   цæугæ  периоды  бæстæйы  макроэкономикон   политикæ, здæхт уыдзæн   экономикæ сæнæниз кæныны æрдæм, цæмæй  астæуымгъуыдон периоды бæстæйы  рæзынады æмвæзад æрыздæха  потенцион   бæрæггæнæнмæ æмæ  сифтонг кæна  макроэкономикон  стабилондзинад», – банысан кодтой  хицауады.