Хъазбегы, хæрдмæтæхæгы æрхауды фæстиуæгæн  бæлвырд информацийæ æртæ адæймаг амард
Хъазбегы, хæрдмæтæхæгы æрхауды фæстиуæгæн бæлвырд информацийæ æртæ адæймаг амард

6 июны, Степанцъминдайы  уæвæг фысымуат  «Румс Хотел Хъазбегиы» сæрмагонд хæрдмæтæхæг   а. х.  «быдырты территорийыл»   æдзæрæг  ран  æрхаудта, –  информацийы хъусын кæны  Гуырдызстоны мидхъуыддæгты министрад.

Уагдоны хъусинагæй,   цауы фæстиуæгæн  хæрдмæтæхæджы бадæг  æртæ дæр адæймаг: экипажы  уæнгтæ æмæ семæ  уæвæг  фысымуаты «Румс Хотел Хъазбегиы»  иу кусæг  фæмард.

Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрад  сæрмагонд хæрдмæтæхæджы  æрхауды тыххæй  фæдагуырд  Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы  275-æм  статийы  6-æм хайæ  райдыдта.

«Цауы бынатыл мобилизацигонд сты  ирвæзынгæнæн  куысты æмæ тагъд медицинон æххуысы  кусджытæ, полици æмæ  эксперт-криминалисттæ  райдыдтой фæдæвзарæн мадзæлттæ. Фæдæвзарæг  уæлдæфон транспорты змæлды  æдасдзинады кæнæ эксплуатацийы æгъдауы хæлды  фактыл  цæуы,  кæцы расайдта дыууæ кæнæ  фылдæр адæймагы  мæлæт»,- хъусын кæнынц МХМ-ы

Цау цъус рæстæгы  размæ  æрцыд.