Хъазахы хицауад куыстуæгъдмæ айста йæхи
Хъазахы хицауад куыстуæгъдмæ айста йæхи

Хъазахстаны  хицауад йæхи  йæ  куыстæй систа.  Бæстæйы  президент  Касим-Жомарт  Токаев  бæстæйы цæугæ  массон протестон  акциты  фоныл  хицауады куыстуæгъды  фæдыл   уынаффæ бафыста.  Информаци хъусын кæны «Дойче Велле».

Премьер-министры  хæстæ рæстæгмæ  æххæстгæнæгæй  снысан ис  Алихан Смилов.  Хицауады  уæнгтæ ног  хицауады  комплекткæныны онг рæстæгмæ æххæст кæндзысты  хæстæ.

Хъазахстаны  горæтты массон рацыдтæ  райдыдтой газыл аргъы  рæзты  тыххæй.  Сæрыфыццагæй  демонстрацитæ  уыдысты сабыр, фæлæ  фæстæдæр  быцæудзинæдтæ райдыдта, цæй тыххæй  дæр  Хъазахы  президент  Касим-Жомарт Токаев   Централон Азийы  сегасдæр стыр горæт Алматыйы  æмæ  ныгуылæн Мангистауйы  провинцийы  дыууæкъуырион уæвæтк уавæр æрбайста.  Президенты веб-фарсыл  публикацигонд  документмæ гæсгæйæ, 23:00  сахатæй  07:00 сахаты онг   а.х. коменданты  сахат сфидар ис.  Уымæй дарддæр  ма  тобæ æвæрд уыд массон рацыдтыл.