Хатиа Деканоидзе хъуын кæны, цæмæй  йæ  офисмæ  æнæбæрæг гоймаг бахъуызыд, кæцы гæнæн ис  сусæгæй хъусæн  аппаратурæ сфидар кæнын хъавыд
Хатиа Деканоидзе хъуын кæны, цæмæй йæ офисмæ æнæбæрæг гоймаг бахъуызыд, кæцы гæнæн ис сусæгæй хъусæн аппаратурæ сфидар кæнын хъавыд

«Националон  Змæлды»  Исаны  мажоритар депутаттæм кандидат, Хатиа Деканоидзейы  информацийæ,   сæ  офисмæ  боныцъæхыл  æнæбæрæг  гоймаг   уæлхæдзарæй  бахъуызыд,   кæцы æнхъæлцау  бахъавыд  сусæгæй   хъусæн  аппаратурæ сфидар кæнын.

Деканоидзейы  фидиуæнæй, зæгъгæ  уый уыд развæлгъау  пълангонд архайд, уымæн  æмæ офисы  раиу ис  электроэнерги  æмæ уымæ гæсгæ дæр,   офисы монтажгонд   камерæтæ  неал айстой  æрцæугæ  факт.

Деканоидзе ма загъта, цæмæй   гоймаг  офисæй  тагъд райцыд, уымæн  æмæ штабы  уæвæг фæсивæд  йæ  къахдзæфтæ  фехъусытой.

«Факт у уый, цæмæй   уыд  барæй æнæзакъонон лæбурд  нæ  офисмæ, цæмæй   смонтаж кодтаит  сусæгæй  хъусæн æмæ  цæстдарæн   аппаратурæ, уымæн æмæ æнцонæмбарæн у,   бирæ  рудзгуытæ ис  ацы   штабы  æмæ æрмæст   мæ  рудзынгæй  æрбабырыдысты.  Ахæм уавæр  æрлæууын кодта æвзæрстыты размæ «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ  Бидзина Иванишвили –  ПÆК-æн бардзырдтæ кæнынц, æмæ сусæгæй  нæм хъусынц,  сæ  цæст нæм дарынц, оппонентты штабмæ лæбурынц, кæцы  у  тугтæрхонон барадæй  бæрæг фыдракæнд.  Уый æппæт   цæуы централон æмвæзыл,  электронерги  раиу  кæнынц  æмæ уый  фæстæ  æрбабырыдысты  мæ  офисмæ.  Хъусын кæнын МХМ  æмæ алы  уыцы  уагдонæн,  фæлæ мæ  сæ ныфс нæй,  цæмæй фæдагуырд  ацæудзæн,  ныууадзыут уæ митæ.  Мах штабы пълан кæнæм  уыцы  стратеги, кæцыйы  руаджы  саст баййафдзæн Бидзина Иванишвили æмæ нæ оппоненттæ.  Мах ницы  æмбæхсæм, фæлæ   сусæгæй  цæст дарын æнæзакъоонон у» райхъусын кодта Хатиа Деканоидзе.

МХМ-ы  хъусын кæнынц, цæмæй   æрцæугæмæ гæсгæ  фæдагуырд   райдыдта  тугтæрхонон барады  кодексы  19-177статийæ, кæцы  йæ хъуыдыйы  дары  къæрныхдзинады архайд.  Уагдоны хъусинагæй,  ацы  рæстæгмæ, æмбæлон  фæдагурæн мадзæлттæ  цæуынц.