Хатиа Деканоидзе – абон æуд кæны ултиматумы æмгъуыд, Саакашвилийы  æмбæстагон рынчындонмæ куы  нæ  аласой, уæд сом  æмбырд кæнæм  Сæрибары фæзыл
Хатиа Деканоидзе – абон æуд кæны ултиматумы æмгъуыд, Саакашвилийы æмбæстагон рынчындонмæ куы нæ аласой, уæд сом æмбырд кæнæм Сæрибары фæзыл

Абон  фæуд кæны  ультиматумы æмгъуыд,  уыцы цауы, кæд æмæ   Саакашвилийы  нæ  аласдзысты  æмбæстагон медицинон  уагдонмæ,  райсом  æмбырд кæнæм  Сæрибары фæзыл –  уый фæдыл «Националон Змæлды» уæнг Хатиа  Деканоидзе  рйхъусын кодта.

«Ай уыдзæн  нысаниуæгджын стыр протест,  æнæруромгæ протест.  ПÆК-ы  фидиуæнтыл   рагæй  нал аразын комментаритæ.  Нæ æркуырд у  конкретон, аласой йæ æмæ фервæзын кæной  адæймаджы цард.  Кадрты фæдыл  тынг раст  позици ис  адæмон  хъахъъæнæгмæ.  Йæ  хæдивæгимæ  фæныхас кодтам уый фæдыл,  цæмæй   ай уыдис  уыцы милиграмтæ, кæцытæй ивд æрцыд  медикаменттæ, уымæн æмæ   ахсæн  райдайы риссын  айбæрц хостæй адæймаг  хæргæ куы нæ кæны  уæд.  Дохтыры  кабинеты,  дохтытримæ  райста  ацы милиграмты бæрц, минералон  кас, кæцы йын æнæмæнгхъæугæ  у, цæмæй   удæгас уа.  Хицауад йæ сæрмæ  цы схаста  æмæ цæуылдæр  адæймæгтæ  æгадгæнæг комментаритæ дæттынц, уый у  аморалон ахаст,  интеллектуалон бын. Уымæн æмæ  ныхас кæнæм  адæймаджы  цард фервæзын кæныныл æмæ ацы тæккæ  уый  у сегасдæр ахсджиаг.  Æвæццæгæн ничиуал баззадис  зондджын «Гуырдзиаг Бæллиццы».  Сæ  компетенцийы тыххæй  дзæбæх нæ хъуыды кæнын фæлæ  тынг уæззау  фæстиуæгмæ æрцæудзысты»  райхъусын кодта Хатиа Деканоидзе.