Хъал стæм  уыцы спецификъон ролæй,  кæцыйы æххæст кæнæм Гуырдзыстоны ахастыты Уæрæсе Федерациимæ
Хъал стæм уыцы спецификъон ролæй, кæцыйы æххæст кæнæм Гуырдзыстоны ахастыты Уæрæсе Федерациимæ

– Уый фæдыл  Швейцарийы  парламенты  сæрдар   Марина  Къаробио Гушетти  Гуырдзыстоны  парламенты  сæрдар  Арчил  Талакъвадзеимæ иумæ  уагъд пресс-конференцийыл  райхъусын кодта.

Марина Къаробиои Гушеттийы дзырдæй, зæгъгæ  Швейцари йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинадæн   æхсæнадæмон нымад арæнты.

Швейцариаг политикъ афтæдæр банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны демократийы   консолидацидзинадæн фидæны дæр рахæцдзысты йæ фарс.

«Швейцарий йæ фарс  хæцы   Гуырдзыстоны  демократийы консолидацидзинадæн, кæцы  йæ хъуыдыйы  дары  фидар парламент, хæдбар  тæрхондон æмæ  закъоны  сæйрагдзинад.   Афтæдæр нысаниуæгджын у, цытлæвæрдыл   æнцойæвæрд  политикъон  диалог.   Политикъæ, индивидты  быцæудзинад  нæ  фæлæ –  идеяты ерыс у. Швейцари йæ  фарс хæцы  гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты» – банысан кодта  Марина Къаробио Гушетти.