Хъахъхъæнынады министрад Бæрзонддæр ахуыргæнæндæттæм бахауæг æфсæддæттæн æмæ сæ бинонты уæнгтæн ахуыры   фидинагы 50%-æй  сфинанс кæндзæн
Хъахъхъæнынады министрад Бæрзонддæр ахуыргæнæндæттæм бахауæг æфсæддæттæн æмæ сæ бинонты уæнгтæн ахуыры фидинагы 50%-æй сфинанс кæндзæн

Æфсæддоныл ориентацигонд ног  социалон  политикæйы  фæлгæтты,  хъахъхъæнынады  уагдон  æрывнæлдта ног   проектмæ,  кæцы  æфсæддæттæн æмæ сæ бинонтæн  ахуыры баххуыс кæнын дары  йæ  хъуыдыйы.

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министры  Ираклий Гъарибашвилийы   уынаффæйæ,   министрад   бæрзонддæр ахуыргæнæндæттæм бахауæг   æфсæддæттæн  æмæ сæ  бинонты  уæнгтæн,  ахуыры фидинагы  50%-æй  æмфинансгæнæг уыдзæн,   кæцымæ  гæсгæ  дæр, паддзахады бæлвырд   ахуыры   минималон аргъ –  2 250 ларийы æрдæг   бафиддзæн.

Уымæй  уæлдай ма,  бæрзонд  академион   æнтысындзинады  тыххæй сын,  семестргай, 750 ларийы бæрц «министры стипенди»  снысан уыдзæн.