Хъахъхъæнынады министрад – АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдары Гуырдзыстонмæ визит ноджы иу хатт хахх кæны  АИШ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  стратегион  партнерады фидардзинад æмæ  æмгуыстады бæрзонд æмвæзад
Хъахъхъæнынады министрад – АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары Гуырдзыстонмæ визит ноджы иу хатт хахх кæны АИШ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн стратегион партнерады фидардзинад æмæ æмгуыстады бæрзонд æмвæзад

Пентагоны официалон  минæварæй  анонсы  фæстæ,  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад дæр бæлвырд кæны,  ома АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдар Ллойд Остин  Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн официалон  визитæй, кæцыйы  гæнæн ис  историонæй  схонын.  Уый фæдыл   банысангонд у  хъахъхъæнынады министрады публикацигонд  информацийы.

Уагдоны куыд æмбарын кæнынц афтæмæй,   АИШ-ы  хъахъхъæйнынады  нымæрдары визит  ноджы стынгдæр кæндзæн   Гуырдзыстон æмæ  АИШ-ы  æнгом  æмгуыстад хъахъъхæнынады сферæйы  æмæ   ахъаз уыдзæн  стратегион   партнерад ноджы  сфидардæр кæннæн.

«Хаххгонд у, цæмæй  АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдарæй Ллойд Остины снысаны фæстæ, йæ иуæй иу  фыццаг  телефонон  дзырд уыд Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр  Джуаншер Бурчъуладземæ, кæцыйы рæстæджы  Остин  бахахх кодта Гуырдзыстоны куыд   æвзæрст  æмæ æууæнкаг  стратегион  партнеримæ  æмгуыстады  стыр нысаниуæг  æмæ  равдыста фылдæр бастдзинады  æмæ партнерадлы  ноджы фæарфдæр кæнынмæ  цæттæдзинад.  Гуырдзыстоны сæйраг стратегион партнеры  АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдары  визит ноджы  стынг дæр  кæндзæн  нæ бæстæты æнгом   æмгукстад  хъахъъхæнынады  сферæйы  æмæ  ахъаз уыдзæн  стратегион  партнерад ноджы  сфидардæр кæнынæн» –   дзырдæуы  ахæлиугонд информацийы.