Хъахъхъæнынады министрад æмбæстæгтæм æмæ политикон иугæндты уæнгтæм сиды, гарзджын тыхты æвзарæнон кампанимæ бафтауын ма бацархайой
Хъахъхъæнынады министрад æмбæстæгтæм æмæ политикон иугæндты уæнгтæм сиды, гарзджын тыхты æвзарæнон кампанимæ бафтауын ма бацархайой

Хъахъхъæнынады министрады æмæ  паддзахадон интерестæн бынтон нæрайсгæ у,  æфсæддон формæйæ  политикон нысæнттæн  спайда кæнын  æмæ  æфсады   политизацийы  архайд –  уый фæдыл  хъахъхъæнынады   министрады  фидиуæны у банысангонд, кæцыйæ  хъахъхъæнынады  уагдон, раздæры æфсæддон  гæсты фидиуæнтæн  дæтты дзуапп.

Хъахъхъæнынады  министрады фидиуæнæй,  æфсæддон  формæйæ   цæрджыты æрдæм ахæлиугонд  политикон сидты нысан у, цæрджыты рæдыды бафтауын.

«Фæнды нæ  дзуапп раттæм раздæры  æфсæддон  гæстæн, конкретонæй та,   генерал  Деви Чъанкотадзейы  фидиуæнæн, кæцыйы Мухатгвердийы  æфсымæрон  уæлмæрды  территорийыл  сарызта. Фыцаджы дæр нæ фæнды  бамбарын кæнæм, цæмæй  Деви Чъанкотадзе  æмæ  йемæ уæвæг   уæнгтæ  не сты  архайæг æфсæддон гæстæ, æмæ   азты дæргъы  нал кусынц  æсфæддон тыхты  сконды.

Æфсæддон формæйæ  цæрджыты æрдæм  ахæлиугонд политикон  сидтæн йæ нысан у дзыллæй  рæдыды бафтауын. Хъахъхъæнынады министрадæн æмæ  паддзахадон  интерестæн  бынтон нæрайсгæ у,  æфсæддон  формæйæ, политикон нысæнттæн  спайда кæнын  æмæ   æфсады политизацийы архайд.  Фæнысангонд архайд  знаггадгæнæг у  ахæм нысаниуæгджын   институцийæн, цахæм дæр у Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ  æмæ æфхæрæг  у  алкæцы æфсæддон гæсæн.  Лæвæрд æмбарынгæнæны нысан у,  дзыллæйæн фехъусын кæнын раст информаци,  цæмæй  ма сырæза  мæнг тæлмæн, цæвиттон  гарзджын  тыхтæ политиконæй  субъективон сты» – банысангонд у  фидиуæны.

ХЪахъхъæнынады министрад хъусын кæны,  цæмæй  Гуырдзыстоны  гарзджын тыхтæ сты  политиконæй нейтралон  паддзахадон институт , æмæ  нæ исы хайад  политикон процессты.

Уымæ æмбæлгæйæ дæр, уагдон хъусын кæны  æмбæстæгтæн  æмæ политикон   иугæндты  уæнгтæн,   политикон кæнæ æвзарæнон   кампанийы, гарзджын тыхты формæйæ  кондæй хайад райсын ма бахъавой.