Хъæууон-хæдзарадон куыстытæм æмбæстæгтæн бæрæг сахатты  автомобилтæй змæлд уæгъд уыдзæн
Хъæууон-хæдзарадон куыстытæм æмбæстæгтæн бæрæг сахатты автомобилтæй змæлд уæгъд уыдзæн

Координацион  советы  уынаффæйæ,   хъæууон-хæдзарадон куыстытæ æнæкуылымпыйæ  кæнын нымсанæн, æмбæстæгтæн   бæрæг сахатты   автомобилтæй  змæлды  бар уыдзæн.

Уый фæдыл  премьеры  пресс-спикер   Ираклий Чиковани,  координацион советы  рабадты  фæстæ   фехъусын кодта.

«Ист æрцыд   уынаффæ,  уый  тыххæй,  цæмæй   не  мбæстæгтæн  ма  сывзæра проблемæ  хъæууон-хæдзарадон  куыстытæ  кæныны  цæстæнгасæй,     регионы  æмæ  регионы   муниципалитетты,  сæм уыдзæн фадат ,  сæумæрайсомы  сахатты сæ  куыст бынатмæ  ацæуын æмæ фæстæмæ  æрыздæхын.  Ацы  арæнæвæрд  афтæ  кусдзæн:  уыдонæн сæумæрайсомы 06:00  сахатæй 08:00 сахаты онг  уыдзæн бар ацæуын  æмбæлгæ  ранмæ æмæ    изæры18:00 сахатæй  19:00 сахатмæ   сæрмагонд  хæдзæрттæм æрыздæхын.  Арæнæвæрд æххæссы автомобилæй  змæлдмæ», –  фехъусын кодта  Чиковани.