Хъæды зынгсирвæзты  тыххæй,   Калифорнийы    штаты  уæлвæтк уавæр  расидтæуыд
Хъæды зынгсирвæзты тыххæй, Калифорнийы штаты уæлвæтк уавæр расидтæуыд

АИШ-ы  президент  Дональд Трамп,  хъæды массивы   масштабон  зынгсирвæзты  тыххæй,  Калифорнийы  штаты  уæлвæтк уаæр æрбайста.  Информацийы  хъусын кæны Урс Хæдзары  администраци.

Уæлвæтк  режим  штатæн  федералон,  финансон  æххуысы  фадат   дæтты.

Ацы рæстæгмæ  стихий  20  мины онг гектарыл ахæлиу ис. Зынгсирвæзт локализацигонд у  æрмæст фæзуаты  5%-ыл.  Территорийæ  эвакуацигонд сты  12 минæйы фылдæр   цæрæг.   Стихийы  фæстиуæгæн  фæхъуыд  дыууæ  адæймаг.  Сæ  дыууæдæр   зынгхуыссынгæнджытæ уыдысты.