Хæбæлаты Лери -  Фæлтæрæнон æмбырдмæ олимпион лицензимæ кандидаттæ æввахс  периоды рахиздзысты
Хæбæлаты Лери - Фæлтæрæнон æмбырдмæ олимпион лицензимæ кандидаттæ æввахс периоды рахиздзысты

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы   алæвæрд  «Тайм-ауты»  уазæгуат  уæвæг   Гуырдзыстоны Националон  Олимпион комитеты  президент Хæбæлаты Лери,  гуырдзиаг олимпиæгты  цæттæдзинадыл фæныхас кодта.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ æввахс  фидæны  арæнгонд контингент рахиздзæн фæлтæрæнон æмбырдмæ, кæцы  уый  нысан кæны, цæмæй   ам дзырдæуы æрмæст олимпион лицензиты кандидат  спортсменты тыххæй.

Федерацитæ æмхъæлæсонæй   банысан кодтой,  цæмæй  æнæмæнгхъæугæ у  фæлтæрнон æмбырд сног кæнын. 200-йы онг  спортсмен æрымбырд уыдзæн  æмæ   уый нæу  афтæ стыр нымæц, цæмæй  йæ  сконтрол кæнын ма  бафæразæм.Афтæдæр арвыстам фыстæг премьер-министрмæ  æмæ нæ ныфс ис,   алцыппæт  аскуыддзаг  уыдзæн  дзæбæх.  Дзырдæуы лицензийы  кандидат   спортсментыл. Нæ  хъуыдымæ гæсгæ,   Токиойы  30-35   спротсмен  нын уыдзæн.  Аст лицензи ацы  афонмæ  райстам, иннæтæ  та  хъуамæ  самал кæнæм», – райхъусын кодта  Хæбæлаты Лери.

Бакой уын кæндзыстæм,  цæмæй Токиойы   олимпион хъæзтытæ  цæугæ азы  хъуамæ  ацыдаиккой, фæлæ  коронавирусы пандемийы  тыххæй  сæ  2021- азмæ  аргъавдтой.