Кетеван Цихелашвили - нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстоны парламент æмæ европарламент кусын резолюцийыл Гуырдзыстонæн æххуысы æмæ оккупацигонд территориты фæдыл
Кетеван Цихелашвили -  нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстоны парламент æмæ европарламент  кусын  резолюцийыл Гуырдзыстонæн  æххуысы  æмæ  оккупацигонд территориты фæдыл

Европарламенты   абон    Гуырдзыстон-Евроцæдисы  ассоциацидзинады   парламентон  комитеты  рабадт ацыд.

Фембæлды  райдаыны агъоммæ,   æркæсинаг  фарстыты   фæдыл   Фыццаг Къаналимæ   фæныхас кодта,   фидыды  æмæ  æмбæстагон æмсæрады   фарстыты  Гуырдызстоны  паддзахадон  министр   Кетеван Цихелашвили.

 

«Абоны фембæлды иуæй-иу  сегасæй  ахсджиаг  фарст уыд  цыцы  уавæр æркæсын,  кæцы  оккупацигонд территотыл  сырæзт Уæрæсейы   дæргъвæтин оккупацийы   уавæрты.  Мах фæныхас кодтам  æдадсзинады  æмæ гуманитарон   сидтытыл,  кæцытæ мингай  адæймагæн æвзæрынц  æрвылбойнонæй» –  банысан кодта  Кетеван Цихелашвили.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  абоны    фембæлды  иуæй-иу   темæ  уыд   Арчил Татунашвилийы  царды фæныхылды  факт дæр.

« Ныр цæуы фæдæвзарæн. Парламент райста  резолюци. Ис нын Евроцæдисы æмæ   партнерты   фарсхæцынад, цæмæй  ацы  фæдагуырд   эффективон уа, ма  фæкъуылымпы уа æмæ   рабæрæг уой  уыы уæнгтæ,  кæцытæ бæрнон сты  ацы   æбуалгъ  фыдракæнды.  Алцыппæт уымæй  бæрæг у, цæмæй  бынатыл уавæр у  æгæр уæззау.  Махæн нысаниуæгджын сты   сабырад æмæ    стабилондзинад.  Уымæ баххæссын гæнæн ис  конфликты  сабырадонæй аскуыддзагы  уавæрты.  Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй   Гуырдзыстоны  парламент æмæ   европарламент  кусы резолюцийыл, Гуырдзыстонæн æххуысы  æмæ оккупацигонд территориты  фæдыл» –  райхъусын кодта  Кетеван  Цихелашвили.