Кетеван Цихелашвили - Дихгæнæг   хаххы арæнгæрон   хъæуты цæрæг  æмбæстæгтæ паддзахадæй  ацы  аз  дæр  райсдзысты 200 ларийы аргъы ваучертæ зымæджы  сезоны   хъармæй  арвитынæн
Кетеван Цихелашвили - Дихгæнæг хаххы арæнгæрон хъæуты цæрæг æмбæстæгтæ паддзахадæй ацы аз дæр райсдзысты 200 ларийы аргъы ваучертæ зымæджы сезоны хъармæй арвитынæн

Дихгæнæг   хаххы арæнгæрон   хъæуты цæрæг  æмбæстæгтæ паддзахадæй  ацы  аз  дæр  райсдзысты 200 ларийы аргъы ваучертæ зымæджы  сезоны схъарм  кæныны нысанæй.  Уый фæдыл  фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты  Гуырдзыстоны паддзахадон министр   Кетеван Цихелашвили,  парламенты цыппар комитеты  иугонд рабадтыл  дзырдæй  ралæуды рæстæджы  загъта.  Йæ   ныхæстæм гæсгæ,    паддзахад  ацы аз дæр  алцыппæт аразы  уый тыххæй, цæмæй  ацы бинонтæ  зымæг арвитой  æмбæлон  уавæрты.

«Ацы адæймæгтæ æцæгæй дæр  тынг быхсгæйæ  фæразынц   æрвылбонон расидтытæн æмæ провокацитæн телтæй æмбондты  бакомкоммæ.   Фæстаг цыппар  азы дæргъы   Гуырдзыстоны  хицауад  комплексон æххуысы  программæ æххæст кæны.   Фæнды  мæ  зæгъон уын,  цæмæй  уавæр  æцæгæйдæр  нал у ахæм,   цахæм дæр уыд, зæгъæм 5 азы размæ,   мах   сæйраг  хъæуындзинæдты  бацахуыр кæнынæн,  хъæутыл куы  зылдыстæм уæд.  Бантыстис уый,  цæмæй  алы 62  хъæуы  дæр сырæзт газификаци, æмæ 14 мин абонентæн  æрдзон газ ис.  Афтæдæр  æрвылазонæй  алы  бинонтæ  исынц 200 ларийы аргъы  ваучертæ, хъармы  хардзты  бамбæрзынæн.  Кæй зæгъын æй хъæуы паддзахад ацы фарстыл кусын дарддæр кæны» –  расидтис Кетеван Цихелашвили.

Фæнысанкæнинаг у, цæмæй дихгæнæг хаххы  цур цæрæг  бинонтæн  паддзахад   хъармы  хардзты бамбæрзынæн ваучертæ  дæтты 2013 азæй.  Дихгæнæг хаххы гæрон хъæуты   зианбаййафæг цæрджытæн æххуысы  регаиргæнæг   рæстæгмæ  хицауадон  камисы  æххæст куысты  фæлгæтты, 2013 азæй  абоны онг, фæнысангонд уæнгты  хъармæй  сифтонг кæнынæн,  Гуырдзыстоны  хицауад рауæлдай кодта  9 463 977  лари.