Келли Дегнан – НАТО æмæ Евроцæдисы  уæнгсуæвыны  разæууæл у, закъоны сæйрагдзинад æмæ  рæстаг тæрхонон системæ
Келли Дегнан – НАТО æмæ Евроцæдисы уæнгсуæвыны разæууæл у, закъоны сæйрагдзинад æмæ рæстаг тæрхонон системæ

Райгонд  дæн,  тæрхонгæнджытæ сарызтой комментари, цæмæй  тæрхонон системæйы  фæхуыздæры æрдгæй цæттæ сты  æмкуыст кæнынмæ, –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæвар  Келли Дегнан   райхъусын кодта.

Дегнан куыд банысан кодта афтæмæй,    закъоны  сæйрагдзинад  æмæ   рæстаг  тæрхонон системæ у  НАТО æмæ Евроцæдисы Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны разæууæл.

«Райгонд  дæн,  тæрхонгæнджытæ сарызтой комментари, цæмæй  тæрхонон системæйы  фæхуыздæры æрдгæй цæттæ сты  æмкуыст кæнынмæ. Раст уый  архайæм АИШ-æ æмæ æхсæнадæмон пратнертæ фæстаг 25 азы дæргъы, уымæн  æмæ  законы сæйрагдзинад æмæ хæдбар  тæрхонон системæ  у НАТО æмæ Евроцæдисы Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны разæууæл.   Политикон партитæ   æмæ сæ политикон  лидертæ,  афтæдæр сразы сты   ацы фарстæимæ, цæмæй   нысаниуæгджын у æмæ хъуамæ сыххæст уа  уæрæх инклюзивон   дебаттæ  тæрхонон реформæйыл æмæ  дарддæр  та реформæйы  сыххæст.  Раст уый  фæндагамонæг  у  лæвæрд 19 апрелы  бадзырды, кæцыйыл  фарсытæ бафыстой къух, кæцы афтæдæр йæ  хъуыдыйы дары   снысан кæныны процесс рæстæгмæ  фæуромын, цалынмæ  ацы  уæрæх æмæ инклюзивон   дебаттæ æмæ уынаффæ   сыххæст уыдзæн тæрхонон  системæ  стынг кæнынæн.

Ныфс  нæ ис, цæмæй нырид кусæн къордты мидæг уыдзæн   ацы типы   дебаттæ,  кæцы аххæсдзæн  алы интересджын фарсмæ,  политикон партитæм, æмбæстагон     дзыллæмæ,  процессион организацитæм  æмæ уымæ гæсгæ дæр уыдзæн  тæрхондоны  системæ фæхуыздæр кæныныл уынаффæ,  уый æппæт лæвæрд у  19 апрелы  бадзырды», – райхъусын кодта  Келли Дегнан.

Афтæма,  йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр зæгъгæ парламенты бар у,  цас сыххæст уыдзæн 19 апрелы бадзырд. Сæрмагондæй та, минæвары дзырдæй,   хъуамæ сыххæст уа  нырма  тæрхонон системæйы  реформæты æртыккаг æмæ цыппæрæм  уылæнты  аргълæвæрд æмæ стæй  этапгай  сплан кæной  реформæты  ног къахдзæфтæ.