Келли Дегнан – Медиа бæрнон у, æрмæстдæр бæлвырд  информаци срухс кæнын
Келли Дегнан – Медиа бæрнон у, æрмæстдæр бæлвырд информаци срухс кæнын

Иттæг нысаниуæгджын у медийы роль,  кæцы бæрнон у,  срухс кæна   равзæрæнтæм гæсгæйæ  бæлвырд,  æнæфæсайгæ  информаци, цæмæй   йæ къух ма  араза  æнæраст информацийы  ахæлиуæн –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан райхъусын кодта.

Келли Дегнан  куыд банысан кодта уымæ гæсгæ,  абоны  киберæдасдзинады центры байгом  у иуæй-иу цæвиттон, куыд цæттæ кæны йæхи Гуырдзыстон  потенцион  лæбурдты æмæ  тасæй  хиаиуварс кæнынæн.

«Уымæй  уæлдай ма, иттæг нысаниуæгджын у  дзыллæ, фмæнг хабæрттæ æцæгæй  равзарын хъом уа æмæ АИШ-ы минæварад, уый тыххæй бирæ  программæтæ  æххæст кæны.  Афтæма, иттæг нысаниуæгджын у  медийы  роль, кæцы бæрнон у  ратæдзæнтæм гæсгæ  бæлвырд  информаци срухс кæна.  Куыд æй уынут афтæмæй, ЦÆК ацы æрдæм кусы, фæлæ  уый у  иуæймаг  тыхархайд  куыд ЦÆК-ы, афтæ  медийы  æмæ дзыллæйы æрдгæй,  цæмæй  бахъом  уой  фактты æмæ   мæнг информаци кæрæдзийæ  равзарын» –  райхъусын кодта Келли Дегнан.

Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар,  USAID –ы къухдариуæггæнæг  æмæ ЦÆК-ы  сæрдар, абон  ЦÆК-ы  ранæуæггонд  серверы  инфраструктурæ  байгом кодтой.