Келли Дегнан – иуфарсон реформæтæ Гуырдзыстоны ницæмæн хъæуынц
Келли Дегнан – иуфарсон реформæтæ Гуырдзыстоны ницæмæн хъæуынц

Ноджы та круæг дæн  алы  политикон партийæ,  кæцы нырма  нæ бафыста къух  19 апрелы  бадзырдыл,   сæ къух  æрывæрæт документыл,  уымæн æмæ иттæг нысаниуæгджын  у, цæмæй  уый  уыдис уæрæх бадзырд, фæлæ иурæстæгонæй, уыдон чидæриддæр  къух бафыстой,  раттон дзырд æмæ сæхимæ райстой хæс, сыххæст кæной ацы  бадзырды домæнтæ – уый фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дгенан  райхъусын кодта.

Келли Дегнан куыд банысан кодта афтæмæй, 19 апрелы  бадзырд  у сегасдæр хуыздæр фæндагамонæг, кæцыйыл гуырдзиаг лидертæ  æхсæзмæййон  бадзырдты фæстиуæгæн æрдзырдтой, уыцы реформæтæ ауадзынæн,  кæцытæ  хъæуынц Гуырдзыстоны.

«Алы фидиуæны, кæцыйы федтон, уый нымæцы  нæ  фидиуæны дæр, дырысæй  банысангонд у, цæмæй  куыд фыдæнхъæлц  сты Гуырдзыстоны хæлæрттæ  уый тыххæй, цæмæй  «Гуырдзиаг Бæллиицц»  рахаста уынаффæ  ацы бадзырдæй йæхи райсыны  фæдыл.  Ацы бадзырд у сеппæтæй хуыздæр фæндагамонæг  кæцыйыл гуырдзиаг политикон лидертæ æрдзырдтой æхсæзмæййон  бадзырдты фæстиуæгæн, уыцы реформæтæ  ауадзынæн, кæцытæ æнæмæнгхъæугæ сты Гуырдзыстонæн. Бадзырды идея  æмæ  йæ аргъ  уый мидæг уыдис, цæмæй  фарсытæ æрдзырдтой  уый фæдыл иумæ  æмæ  иумæй райстой сæхимæ хæс, реформæтæ сыххæсты фæдыл.  Ныфс дарæм  цæмæй  ацы бадзырд  адарддæр кæндзæн бæрæг структурæйы æмæ фæлгæт ифтонг кæнын фарсыты иумæ  кусынæн» –  райхуъсын кодта Келли Дегнан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстонæн ацытæккæ æнæмæнгхъæугæ цы у  – уыйимæ иуфарсон реформæтæ   нæбадгæ сты.

«Гуырдзстоны хъæуы  бирæпартион реформæтæ ауадзын, кæцыты размæ рахæцын æмæ  сыххæст кæнын бафæраздзæн  гуырдзиаг æвзæрстгæнджыты  æвзæрст алы  лидер. Ныфс дарын, цæмæй бадзырд йæ  тыхы баззайдзæнис  æмæ  та  уыдзæн фæндагамонæг, кæцы гуырдзиаг лидерты хъæуы  æнæмæнг реформæтæ  ауадзынæн.  Фокус арызт хъуамæ уа  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æмæ  бадзырдыл къухбафыссджыты æрдгæй алы хæсист сыххæстмæ.   Уыдон дзырд раттой, цæмæй  сыххæст кæндзысты   ацы бадзырды домæнтæ намысджынæй  æмæ  афтæ хъуамæ адарддæр кæной.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ, санкцитыл ныхас  нырма æгæр раджы у, цалынмæ нæ фендзыстæм  ацы бадзырд къухбафыссджыты  æрдгæй хæстæ цæсгомджынæй æххæсткæныны хъуагдзинад» –  загъта Келли Дегнан.