Келли Дегнан -  Гуырдзыстоны æрвыст  фондз мæйы фæстæ мын æнцонæмбарæн у, цæмæй  америкæгтæн æмæ гуырдзиæгтæн фидар хæлардзинад ис
Келли Дегнан - Гуырдзыстоны æрвыст фондз мæйы фæстæ мын æнцонæмбарæн у, цæмæй америкæгтæн æмæ гуырдзиæгтæн фидар хæлардзинад ис

Абоны бон нын  ноджюы иу  бакой  кодта, цæмæй  æххæстаргъджын бастдзинад сфидар кæнынæн цæугæ тох, кæцы   ифтонг кæны æмбарад  æмæ уыцы барты хъахъхъæд, кæцы нымад у декларацийы,  никуы фæлæууы –  уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар  Келли Дегнан райхъусын кодта.

Келли Дегнан фæныхас  кодта  АИШ-ы  хæдбарады 244-æм азы сæры тыххæй.

«Мæ æмбæстон америкæгтæн æмæ Гуырдзыстоны  уæвæг мæ зынаргъ хæлæрттæн  амондджын 4  июль куыд уа  уый  сын зæгъы мæ  зæрдæ.  Ацы  бон америкаг лидертæ   райхъусын кодтой  хæдбардзинады фæдыл.  Америкæгтæ АИШ-ы  хæдбарады деклараци зæгъæн ис зæрдывæрдæй  зонынц.  Ацы  ныхæстæ уый йас  фидар  æмæ тыхджын сты,  куыд 244  азы размæ,   декларацийы  фыццаг  хатт куы ныффыстæуыд, цæмæй   алы адæймаг дæр  у  æмсæр æмæ  цæрыны, сæрибардзинады,  афарны æрдæм тырнынады  бар  æнæфæцагайгæ у. Ацы бар  бахъахъхъæнынæн архайынц  хицауадтæ. 11  азы  фæстæ  АИШ-ы  конституци райстой, кæцыйы мидæг  ныффыстой   демокративон проекты  структурæ, кæцы аразын дарддæр кæнæм  абон дæр. Абоны бон нын  ноджюы иу  бакой  кодта, цæмæй  æххæстаргъджын бастдзинад сфидар кæнынæн цæугæ тох, кæцы   ифтонг кæны æмбарад  æмæ уыцы барты хъахъхъæд, кæцы нымад у декларацийы,  никуы фæлæууы. Уыцы  процесс та домы  æхсардзинад  æмæ уырнынад, цæмæй  сæххæст уа  ивындзинæдтæ,  кæцытæ  ивынц статус-кво æмæ  фæндаг фегом кæнынц  прогрессæн» –  райхъусын кодта Келли Дегнан.

Келли Дегнан куыд банысан кодта афтæмæй,  зæгъгæ АИШ-æ куы  бæрæгбон кæны  Хæдбардзинады 244-æм азы сæры,  уæд дисæфтауæг у уый  куыд  даргъ  фæндаг рацыдис  æмæ  ма ноджы  цас  саразын  хъæуы, цæмæй  хæдбардзинады декларацийы  тырнынадтæ, ома АИШ-ы  кæцыфæнды  æмбæстагæн   æмиасæй уа, цæрыны, сæрибардзинады æмæ  фарны бар.

«Гуырдзыстоны æрвыст фондз мæйы  фæстæ,  æнцонæмбарæн мын у, цæмæй   америкæгтæн æмæ гуырдзиæгтæн ис  фидар хæлардзинад.  Гуырдзиæгтæ дæр   раст афтæ  сæрибаруарзаг адæм стут,  бирæ  тох кæнын уæ  бахъуыд хæдбардзинады тыххæй.  Æцæг  æхсардзинад  æмæ  уырнынады равдыстат, кæцы  фæбæрæг ис демокративон   реформæты,  кæцытæ  ауагъдтат  фæстаг дæсгай азты   дæргъы.  Гуырдзиæгтæм, афтæ куыд америкæгтæм ис фæнд  уæззау  куыст сыххæст кæнын, кæцы  æнæмæнгхъæугæ у уæ  бæстæ  фæивынæн, цæмæй   Гуырдзыстон уа  ахæм , цахæммæ дæр  бæллут –  сæрибар, æдас, дидинæфтыд æмæ   демокративон.  Гуырдзиаг æмæ америкагмæ  фидар бастдзинад ис.  Ай у æнæрмæст  тох фундаментон  демокративон бартæн, фæлæ ма дæргъвæтин   тыхархайд, цæмæй  демокративон  институттæ  фæтыхджындæр уой æмæ сæм фылдæр минæвæрттæ уа.  Мæнæн стыр  намысы хæс у Гуырдзыстонмæ  æмкуысткæнынад дарддæр кæнын  æмæ   АИШ-ы  гуырæнбон гуырдзиаг хæлæрттимæ иумæ  сбæрæгбон кæнын» –  райхъусын  кодта минæвар.