Келли Дегнан - Гуырдзиаг æмæ амеркиаг конституцитæ ифтонг кæнынц прессæйы сæрибардзинад, цæмæй  цензурæйæ æдæрсгæйæ   срухс кæнæм ног хабæрттæ, сæрибар прессæ у демократийы бындур
Келли Дегнан - Гуырдзиаг æмæ амеркиаг конституцитæ ифтонг кæнынц прессæйы сæрибардзинад, цæмæй цензурæйæ æдæрсгæйæ срухс кæнæм ног хабæрттæ, сæрибар прессæ у демократийы бындур

Гуырдзиаг  æмæ амеркиаг  конституцитæ   ифтонг кæнынц   прессæйы   сæрибардзинад, цæмæй  цензурæйæ æдæрсгæйæ   срухс  кæнæм   ног  хабæрттæ  æмæ нæ  цæстæнгасы тыххæй  радзурæм –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæвар   Келли Дегнан  хъусын кæны.

Дегнан   прессæйы  сæрибардзинады   дунеон бон  публикаци кæны  видео-сидт.

«Иугонд Штатты æмæ Гуырдзыстоны  бирæ иумæйаг  аргъдзинад   иу кæны æмæ  сæ иунæг дæр нæу  хæдбарады æмæ сæрибардзы уарзондзинадæй  ахсджиагдæр.

Прессæйы сæрибардзинады  Дунеы  бон  хъуыды  кæнæм прессæйы  кусæг сылгоймæгтыл æмæ нæлгоймæгтыл, кæцытæ  сæ  царды æмæ карьерæйы   аргъæй дæр,  стыр  тыхархайд  кæнынц уымæн цæмæй,   æхсæнадæн  фехъусын кæной   информаци  æмæ институттæ  æмæ  лидертæ  хæсджын  скæной.

Гуырдзиаг  æмæ  амеркиаг  конституцитæ   ифтонг кæнынц   прессæйы   сæрибардзинад, цæмæй  цензурæйæ æдæрсгæйæ   срухс  кæнæм   ног  хабæрттæ  æмæ нæ  цæстæнгасы тыххæй  радзурæм.

Сæрибар прессæ  демократийы  бындур у.   Уый тыххæй дæр ахсджиаг у, алцыппæт саразæм  уымæн цæмæй нын уа  журналистты  хъахъхъæнæг  дзыллæ, цæмæй  уыдонæ æдæрсгæйæ  адарддæр кæной  кусын.

Афтæмæй  абон, прессæйы  сæрибардзинады  бон,   равдисæм  медийы æрдæм цыт, нæ срæибардзинад бахъахъхъæнынæн сæ  тыхархайды  тыххæй» –  хъусын кæны Келли Дегнан.

დეგნანი.