Келли Дегнан – Гуырдзиæгтæн октябры æвзæрстытæ сты фадат, сывзарой  ахæм парлемент кæцыйы  бавдыст уыдзысты фылдæр партиты  минæвæрттæ
Келли Дегнан – Гуырдзиæгтæн октябры æвзæрстытæ сты фадат, сывзарой ахæм парлемент кæцыйы бавдыст уыдзысты фылдæр партиты минæвæрттæ

Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  паддзахадон нымæрдары хæдивæгы   комментаритæ  æвдисынц, Америкæ, Европæйы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы,  Гуырдзыстоны  интересы  æмæ  мæтæйдзагдзинады æмвæз,-  уый фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар  Келли Дегнан, АИШ-ы  паддзахадон нымæрдары хæдивæг, Стивен  Биганы фидиуæныл комментарийы рæстæджы.

Минæвары  дзырдæй,  зæгъгæ 2020 азы  парламентон æвзæрстытæ  Гуырдзыстонæн  иттæг ахсджиаг этап у.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  алчи æмбары, цас нысаниуæгджын  сты  ацы æвзæрстытæ.   Гуырдзиæгтæн æвзæрстытæ  сты  фадат, сывзарой  ахæм парлемент, кæцыйы   авдыст уыдзысты фылдæр партиты  минæвæрттæ,  хуыздæр бавдыст уыдзæн  цæстæнгасы æмæ  интересты бирæгъуызондзинад.  Ныфс мæ ис  мажоритар  кандидаттæй  уæлдай, кæцыты  адæм  зонынц,  афтæдæр  сæ хъусдард  баздахдзысты   пропорцион номхыгъдтæм,  кæцы  фылдæр нысаниуæгджын уыдзæн, раздæронимæ абаргæйæ, уымæн æмæ фылдæр кандидат у  бавдыст уым.   Уый  у размæ арызт  къахдзæф Гуырдзыстонæн, 2024 азы  æххæстæй  пропорцион æвзæрстытæ  ахизынæн.  Афтæмæй,  сæрибар æмæ рæстаг  æвзæрстытæ  ауадзын  октябры  иттæг нысаниуæгджын  у.  Мæнмæ гæсгæ,  падздахадон нымæрдары хæдивæгы  комментаритæ æвдисынц,  куыд  мæтæйдзаг  æмæ  куыд бæрзонд у  интересы æмвæз  Америкæйы Европæйы  æмæ,  кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыстоны», –  райхъусын кодта минæвар.