Келли Дегнан, АИШ-ы раздæры минæвæрттимæ иумæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Ног аз арфæ кæнынц [видео]

Гуырдызстоны   АИШ-ы  минæвар Келли Дегнан,  раздæры минæвæрттимæ æмæ  АИШ-ы  минæварады раздæры кусджытимæ  иумæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн арфæ кæнынц   Ног Аз.

«Ацы аз æнæхъæн Дунейы  бирæ  адæймагæн уыдис  вазыгджын, æнæбæрæгдзинады,  ивддзинæдты æмæ  тынг стыр   сæфт  тыххæй.   Ахæм рæстæджы  иу  æмбарæм, цæмæй  куыд зынаргъ сты нæ бинонтæ, хæлæртт æмæ  коллегæтæ  æмæ  куыд аргъ кæнæм иумæ æрвыст рæстæгæн.  2020 азы  быцæусидтытæ  нæ нæ фæкуылымпы кодтой, ног фæндæгтæ бацагурын,  Гуырдзыстоны  нæ  нысаниуæгджын   куыст дарддæр кæнынæн.  Стыр тæлмæн  мыл скодта  уый, цæмæй  цас  цыдæр нæ бон у æнтыстджынæй  саразын иумæ куыстæй.   «Ковид»  нæ  нæ бахъыгдардзæн!  Пандемийы  райдайынæй  нæ   бал  æнæхъæнæй  баиу стæм  вирусы ныхмæ тохы  Гуырдзыстонæн   баххуыс кæнынæн.  Уæ куыст,  комкоммæ нысаниуæгæй, фервæзын кодта  адæймæгты цард.

Америкæгтæ æмæ гуырдзиæгтæ  равдыстам, цæмæй  нæ бон у  æмæ иумæ  лæудзыстæм, æртъхъирæнтæм нæкæсгæйæ.  Хæдæгай, ацы  дзæбæх хъуыддаг, йæхимæ  баздæхта уыцы адæймæгты  хъусдард дæр,  кæцытæ Гуырдзыстоны  раздæр  куыстой.  Рафыстой мæм электронон постæй, ныууагъдтой мын   хъусинæгтæ  æмæ   рарвыстой  видеотæ, цæмæй  фæхай кодтаиккой  сæ мысинæгтæ,  дссаджы  хæлæртты æмæ  Гуырдзыстоны тыххæй,  цæмæй  цы мысынц  сегасдæр арæх  æмæ  куыд  арфæтæ кæнынц  æдас æмæ æнтыстджын   Ног аз  æппæт хуыдæр арфæтæ»  – дзуры Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар.

Келли Дегнаны арфæимæ иумæ   ис Гуырдзыстоны АИШ-ы раздæры  минæвæртты æмæ   минæварадты  раздæры  кусджыты арфæтæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн.

Джон Тефт: Сегасдæр фылдæр, æз æмæ Мариела  иу  æрымысæм  Гуырдзыстоны,  минæварады æмæ  минæвары резиденцийы   гуырдзиаг  кусджыты.  Алкæмæн уын  амондджын  бæрæгбон  æмæ ног аз  зæгъы  мæ  зæрдæ».

Джон Басс æмæ Холли Холцер: «Гамарджоба!  Тынг  цин  мын у  нæ хæлæртты   фенын Гуырдзыстоны.  Бæрæгбонтыл  иу тыхджын   мысæм   Гуырдзыстон.  Сегасдæр арæх та  иу мысын Гуырдзыстоны  бæрæгбонон чичилаки.  Мысын иу  бæрæгбонон фынг  мæ хæлæрттимæ  иумæ.  Мысын иу  гуырдзиаг æвзаджы  уроктæ. Хъуамæ  зæгъон, цæмæй  æрвылбойнонæй  мысын  хъæдур цæхтон  (лобио) æмæ  дзул. Афтæдæр  дзырдбаст –Бахъахъи цъхъалши хъхъинебс».  Арфæ уын кæнын ног аз!

Ричард Норланд  æмæ Мери  Хартнет: «Гамарджоба!  Æз æмæ Мери сегасдæр фылдæр иу  мысæм  гуырдзиаг адæмы уазæгуарзондзинад  æмæ хæлардзинад,  арæх иу  мысæм. Ацы  цыппурсон æхсæв   ноджы  иу хатт байхъусдзыстæм   «Аве Мариамæ»  кæцыйы   ныффыста  Гуырдзыстоны  Патриарх.  Мысæм иу  Гуырдзыстоны удон цард  æмæ  нæ визиттæ  аргъуантæм æмæ моладзандæттæм, бæстæйы алыварс,  сæрмагондæй  та  Кацхийы  æмæ  Хевсуреты  Шатилы хъæуы  куы  уыдыстæм уый.  Арфæ  уын кæнæм Ног Аз!».

Элизабет Руд : Цы иу мысын Гуырдзыстоны?  Сегасдæр фылдæр иу мысын    Кавказы  хæхты рагъ,  мæ  уарзон  Харагаули  æмæ цæй зæгъын æй хъæуы  мæ гуырдзиаг хæлæртты æмæ алы  уыцы  гуырдзиагы,  кæй  фæрцы  дæр Гуырдзыстон у ахæм диссаджы бæстæ.  Арфæ  уын кæнын цыппурс æмæ ног аз,  сабыр æмæ амондджын 2021  аз уын куыд  уа  уыцы  амонд уæ уæд!».

Эфф  Рено:  Гамарджоба!  Сегасдæр арæх  иу мысын  Гуырдзыстоны  адæм,  дыссаджы  адæм уын ис  планетæйыл  æмæ   уæ тынг мысын. «Ме хом Хъвелапери шентвин миндода».

Кристин  Робертс  æмæ  Джим Моррис: Гуырдзыстоны цы  уыдис уый ‘ппæтæй  арæхдæр мысæм: сæн, хачъапури æмæ  хинкали, чъачъа. Арфæ уын кæнæм  ног аз!».

Бриджит Бринкъ:  Гамарджоба Сакартвело!  Гуырдзыстонæй сегасдæр арæх мысын  аив æрдз, зæрзад  хæринæгтæ æмæ   диссаджы  адæм, мæ бинонтæ æмæ  мæхæдг уын арфæ кæнæм  Ног Аз! Нæ  алы  хæларæн уын нæ зæрдæ зæгъы  æппæты хуыздæр арфæтæ æмæ  æнтыстытæ 2021 азмæ!

Деже Холмс: «Гамарджоба мегобребо,  мысын Ваке  æмæ  хурныгуылд  Мтацъминдайыл, мегрелаг  хачъапури  æмæ   аджпсандали,  мысын  хъæбыстæ кæнын,  Гуырдзыстоны  мын куыд хъæбыстæ кодтат афтæ.  Арфæ уын кæнын ног аз!»

Кен æмæ  Джуди  Яловиц : «Зынаргъ  хæлæрттæ  æмæ коллегæтæ  АИШ-ы минæварады, нæ  зæрдæ  уын  зæгъы   хъæлдзæг, æдас æмæ  æнæниз бæрæгбонон сезон!  Сытр уарзондзинадæй  иу мысæм  Гуырдзыстоны  æрвыст азтæ. Бæллæм Гуырдзыстонмæ  балцы  фадат нæм куы фæуаид.  Комиды пандемийы æмæ  даууаг æвзæрстытæй  ацы  аз уыдис   нæ дыууæ  бæстæйæн дæр уæззау  афæдз.  Вакцинæтæ нырид фæндагыл сты æмæ  нæ  демократон  институттæ нын ратдзысты фадат  бафæразæм ацы  уаддымгæйæн. Бузныг уын  алцыппæты тыххæй  æмæ  нæ ныфс ис, цæмæй   бирæ хуыздæр  афоны  уæ  фендзыстæм фидæн азы.  Зæрдиаг  саламтæ   Кен æмæ Джуди Яловицтæй.

Минæвар Келли Дегнан: «Æрмæст  номдзыд бæстæйæн иу  вæййы  ай бæрц  хæлæрттæ æмæ   ахæм хъарм  æмæ  даргъ мысинæгтæ  дæттын.  Тбилисы мæ уæвыны  11 мæйы  сæрыл, мæнмæ дæр диссаджы мысинæгтæ  æрымбырд, ацы  æмбисонды  бæстæ ссарынæй,  ног хæлæрртæй  æмæ Гуырдзыстоны  бонджын историимæ базонгæйы цæрцы.   Ног азмæ  ноджы фылдæр  саразыны  фæндонæй  æнхъæлмæ кæсын.  Гуырдзыстоны АИШ-ы миссийы  уæнгты æмæ  Сантайы номæй  мæ фæнды алкæмæн уын раарфæ кæнон  бæрæгбонон сезон  æмæ  æнæниз  æмæ амондджын  ног аз уын куыд уа  уыцы амонд уын зæгъы  мæ  зæрдæ. Гаумарджос!  Арфæ уын кæнын ног аз!.

Эрин æмæ   Кэтрин: «Арфæ уын  кæнын Ног Аз, арфæ уын кæнын Цыппурс æмæ Ног Аз».

Эрин: «Афтæма, кæд исчи зонат, куыд  райсон Шато Мухранийы   Шавкапито  мæ  хæдзары, Вирджиниайы,  фехъусын мын кæнут».