Каталонийы барадхъахъхъæнджытæ сахар Жиронайы уагъд «Испанийы Иудзинады хъахъхъæды» акци, цæссыгуадзæн газæй æмæ резинæйæ лæдзгуытæй нæмгæйæ ныссæстой.
Полици иу адæймагы æрцахста. Змæстыты рæстæджы 27 уæнг базиан сты. Сæ нымæцы цыппар барадхъахъхъæнæг.
Демонстраци Испанийы конституцийы 40-æм азы сæр банысан кæнынæн, рахис партий VOX-ы платформæ Borbonia-ы æмæ адæмон парти «Платформæ Каталонийыæн»-ы инициативæйæ цыдис. Фæлæ демонстрацийы фæкъуыхцы кæнын, регионы хæдбардзинады фарсхæцæг гналиу каталониаг змæлд бахъавыд.
Йæ уæнгтæ Жиронæйы сæйраг фæзмæ балæбурдтой æмæ территорийы бацйахсын бахъавыдысты.