Карл Харцелл – срастгæнæн кæмæн нæй,  ахæм  оптимист  дæн,  æвзарæнон системæйыл оппозицийы  æмæ  хицауады  æхсæн диалогæн хъуамæ  баххуыс кæнæм
Карл Харцелл – срастгæнæн кæмæн нæй, ахæм оптимист дæн, æвзарæнон системæйыл оппозицийы æмæ хицауады æхсæн диалогæн хъуамæ баххуыс кæнæм

Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвар  Карл Харцелл  комментари  сарызта   фæсарæйнаг дипломатты хайадæй,  æвзарæнон  системæмæ гæсгæ   оппозици  æмæ хицаугæнæг   партийы  æхсæн  бадзырдты  процессыл.

Харцеллы дзырдæй,  ацы  процессæй  тынг ныфсджын у.

Харцелл дзуры, цæмæй   куыд æхсæны лæгтæ,   фарсыты  æхсæн диалогæн хъуамæ  æххуысгæнæг уой.

«Æз дæн  срастгæнæн кæмæн нæй,  ахæм оптимист  æмæ   куыд æхсæны лæгы,  мæнæн мæ роль  у дыууæ  фарсы  æхсæн диалогæн баххуыс кæнын.  Знон   æртыккаг раунды фæстæ, загътон, цæмæй   ацæугæ дискуси  уыд  тынг  вазыгджын.   Уый  нæ уыд  æнцон  дискуси,  фæлæ   фыццаджы дæр,  сегасæй  ахсджиаг цы  у уый,  дыууæдæр фарсы æрдгæй  нын  ис  ацы  инструментæй  спайда кæныны  адарддæр кæнынмæ  цæттæдзинад,  цæмæй  рабæрæг уой  сферæтæ,  кæцыты  дæр  уыдзæн иумæйаг  позицитæ.  Мах  куыд æхсæны лæгтæ, ныр  агурæм   амæлттæ,   кæцыты  бындурыл   адæтдзыстæм амынд, æввахс  периоды  цыппæрæм диалог саразынæн», – райхъусын кодта Карл Харцелл.