Карл Харцелл -  Мæнæн, куыд æхсæнадæмон цæстдарæгæн,  парламентон æвзæрстытыл, нысаниуæгджындæр у  канд уæлахизгонд нæ фæлæ  куыд æрцæудзæн уый  уæлахиздзинадмæ
Карл Харцелл - Мæнæн, куыд æхсæнадæмон цæстдарæгæн, парламентон æвзæрстытыл, нысаниуæгджындæр у канд уæлахизгонд нæ фæлæ куыд æрцæудзæн уый уæлахиздзинадмæ

Мæ цæст дардзынæн  ацы  æвзарæнон  кампанийы   цыдмæ,   уымæн æмæ мын куыд  æхсæнадæмон   цæстдарæгæн, бирæ нысаниуæгджындæр у канд уæлахизгонд нæ фæлæ, куыд  æрцæудзæн уый улахиздзинадмæ, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæвар  Карл Харцелл, 2020 азы  парламентон æвзæрстыты  тыххæй райхъусын кодта.

Харцелл куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ  сæ  фæнды  æвзæрстытæ  бæрзонд стандарттæй  ацæуой.

«Дызæрдыг ничи кæны, цæмæй  иттæг  ахсджиаг æвзæрстытæ  уыдзæн.  Федтам  ног   закъондæттынад куыд сфидар ис 8 марты  бадзырдмæ гæсгæ.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   уымæй  сæвзæрдис  ног  æмæ позитивон  фæлгæт ацы  æвзæрстытæн, кæцыйæ ацы  æвзæрстыты хайадисджытæ иууылдæр, сæ нымæцы,  ног хайадисджытæ дæр позитивонæй спайда кæндзысты.

Æвзæрстыты  фæлгæты тыххæй  куы  зæгъæм, кæцымæ  гæсгæ райдайы  æвзарæнон кампани, æз позитивон равгыл дæн.  Ныфс мæ ис, цæмæй  уый æвзæрын кæны фадат   позитивон   æмæ фылдæр активон кампани ауадзынæн, кæцы фæстагмæ  æвзæрстгæнджытæн алкæмæндæр  уыдзæн пайдаджын.

Мæ цæст бадардзынæн   ацы  кампанийы  цыдмæ,  уымæн æмæ мæнæн, куыд æхсæнадæмон цæстдарæгæн,  бирæ нысаниуæгджындæр у  канд уæлахизгонд нæ фæлæ,  куыд æрцæудзæн уый  уæлахиздзинадмæ.  Уый  у  сегасдæр нысаниуæгджын махæн, уымæн  æмæ  нæ фæнды, цæмæй  æзæрстытæ  ацæуой  бæрзонддæр  стандарттæй», – банысан кодта  Харцелл.